Дигорæ 'ма кæсæг Нартæй баизайгæ адæнтæ æнцæ. Нартæй хъаруæгиндæр ба фитдзаг замани а хуæнхти н’адтæй. Ахсахъ-Темурæн ба æфсæн базуртæ адтæй 'ма бонæ арвбæл æртæ зилди кодта. Æгас дуйнетæ дæр уой къохи адтæнцæ. Æрæгиау ба ма йин мах хуæнхтæ æнæ саст адтæнцæ æма ардæмæ устур æфсæдти хæтдзæ ранæхстæрæй. Махмæ идард цардæй 'ма, мæ надбæл ку фæррæдуйон, зæгъгæ, 'ма йе 'фсад куд цудæй, уотæ æ косгутæ ба уони фæсте бурæу къахгæ цудæнцæ. Дигорæмæ æрбацудæй 'ма адæми фулдæр уой тугъди цагъд фæцæнцæ, сæ нецæй хузæн хауæггаг ба син æ хæтдзæ фæххаста Китаймæ 'ма си уоми хецæн гъæутæ искодта; æхуæдæг ба арвмæ исцудæй ма уоми æстъалуй хузи бацудæй. Хъиамæти разæй бабæй зæнхæмæ æрцæудзæнæй 'ма, æ къохи ци адæмтæ адтæй, йетæ æ хæтдзæ, уотемæй нæуæгæй дуйне басæтдзæнæй. Йеци æфсади уодзæнæнцæ, Ахсахъ-Темур Дигорæй ке фæххаста, йеци адæмтæ дæр 'ма тохдзæнæнцæ Дигорæбæл. Хæстæг, æрвадæ, фидæ адæм нæбал æвзардзæнæнцæ. Дигорæн сæ фарнæ нæма фесавдæй, 'ма исхъæбæрдæр уодзæнæнцæ Ахсахъ-Темури æфсадбæл. Æфсæдтæ фæйнердæмæ ниппурх уодзæнæнцæ 'ма Ахсахъ-Темур йеунæгæй æризайдзæнæй æ дууæ урсей хæтдзæ. Уой фæсте ба Тотрази фурт Алибег æма Сослан истохдзæнæнцæ. Сæ гъæр, сæ нæгæмæ адæмтæ æмбурдтæ кæндзæнæнцæ; сæ церхъити æма уæтæлти дзæнгал-мунгулæй кæрæдзей дзурд нæбал æртасдзæнæнцæ. Арв сæбæл кæудзæнæй, зæнхæ рездзæнæй сæ тæрегъæдмæ, адæм ба сæмæ кæрæдзей сæрти кæсдзæнæнцæ, догъ кæмæн адтæй, йе æ бæхи сæрæй; хъабагъ, циртдзæвæн кæмæн адтæй, е ба уой сæрæй; иннетæ ба алкедæр фестæгæй. Уой фæсте ба тохдзæнæй Ахсахъ-Темур’ма авд æнсувæри. Уæдта зæнхæ ниррездзæнæй 'ма дуйне фехæлдзæнæй.
Ныффыста йæ Гарданты Михал, 6 ноябрь, 1903 аз, Мæхческ. Йæ радзурæг бæрæг нæу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 21, 1927, ф. 81.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |