Ахсахъ-Темур æма лæдæртæ |
Автор: 00mN1ck / 16 ноября 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон таурæгътæ |
Раги, изæдтæ ма адæми хæтдзæ ку хаттæнцæ, уæд йеу фуд лæг, Ахсахъ-Темур, зæгъгæ, сæ хæтдзæ хаттæй, зæнхон адæймаг уогæй. Бонæн æ йеу афони ба йин донмæ æнæ 'рцæун н' адтæй. Йеци рæстæги зæнхæбæл ба цардæй авд æнсувæри, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уонæн ба тухæ кодта Ахсахъ-Темур, 'ма ку нæбал дзи фæразтонцæ, уæдта загътонцæ: «Йеу афони донмæ цæуй 'ма Донбеттæрæн лихстаг æй. Цæуæн йенцег æй схæссæн, кæд нæ уой тасæй ниууадзидæ. Кæд уомæй фæттæрса, æндæра лæгæй ба нæ тæрсуй». Рандæнцæ 'ма Донбеттæрæй йенцег схастонцæ. Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд загъта: «Бæрæг уодзæнæй, кæд æз Донбеттæрæй фæттæрсон, уæд». Уой фæсте бацудæй 'ма син сæ йенцег рамардта. Лæдæртæ æрдеуагæгæнгæ ниццудæнцæ 'ма йин загътонцæ, ци цау сæбæл æрцудæй, уой. Донбеттæр ба син загъта: «Йеу афони мæмæ цæуй 'ма 'й уæд марунмæ гъаветæ». Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд нæбал ниццудæй донмæ, фал рандæй 'ма арви астæу сбадтæй. Дууæ урси ба æхецæн хъалаур ниссагъта. Лæдæртæ ба, донмæ цæудзæнæй, зæгъгæ, фесуммæ донæрдæмæ цæун байдайунцæ. Ку фæррохс уй, уæдта ма 'й бæргæ исуинунцæ 'ма йимæ фæрраст кæнунцæ, фал син фæррохс уй, 'ма син рохси фесæфуй.
«Funf ossefjsche Erzahlungen in digorischem Dialekt» Herausgegeben von W.Miller und R. von Stacкelberg. St.–Petersbourg, 1891, ф.19–20.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |