Раги дзамани Тимури æфсæдтæ æрбалæбурдтонцæ мах зæнхитæмæ. Тимур адтæй къулух, уомæн æма ма сувæллон ку адтæй, уæд адтæй хъæбæр зундгин, 'ма æ фидæ æхецæн тарстæй 'ма ин æ къах басаста. Дигоргоммæ ку æрбацудæнцæ, уæд æ зæрдæмæ фæццудæй Лæдæрти авд æнсувæрей еунæг хуæрæ. Еу хатт и кизгæ рацудæй Билæгидонмæ. Куддæр дон исиста, уотæ дони райидта æ фарсмæ лæги цæсгом. Ке зæгъун æй гъæуй, хъæбæр фæттарстæй, æхе фæстæмæ фæххатта 'ма бахаудтæй Тимури къохтæмæ. Исæйбадун кодта æ уорс бæхбæл ма рацудæй. Бæхи къæхти гъæр æгæр æрæгиау фегъустæй кизги авд æнсувæремæ. Расурдтонцæ давæги. Зæнхæбæл алкæмидæр æ фæдбæл зилдæнцæ. Уæд искувта Хуцаумæ Тимур: «Устур Хуцау, атæ мæ зæнхæбæл нæ ниууадздзæнæнцæ, уæхæн хуарз мин исаразæ, 'ма уæларви куд фестон». 'Ма уæларвмæ исхизтæй. Æнсувæртæ уой ку базудтонцæ, уæд йетæ дæр искувтонцæ Хуцаумæ. Хуцау уонæмæ дæр байгъуста, 'ма сæ фестун кодта авд æстъалуйи. Нур еци авд æстъалуйи хуннунцæ Лæдæртæ. Уæларви дæр нæ ниууагътонцæ скъæфæги. Æгас æхсæвæ сорунцæ Æхсæхъ-Тимури. Фал æй куддæр æрбаййафунцæ, уотæ бон фæцъцъæх уй, ма æнсувæртæ нæбал фæййинунцæ се скъæфæги.
Радзырдта йæ Малиты Ирæхман, 1977 аз, Одола, Ирæфы район. Ныффыстой йæ Абайты Р. æмæ Хайманты С. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, № 47.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |