Ногъай æма Хъалмухъ кæд дууæ æнсувæри адтæнцæ, уæддæр се’хсарæ адтæй Тæтæри Ахсахъ-Темури æфсæдтæ. Еу заман ку æркодта, уæд æртемæн дæр сæ хъаруæ сæттун байдæдта. Кæсæг, Дигорæ 'ма Ирæ нæбал фæразтонцæ Ногъайæй... Еу бон ку адтæй, уæд сæбæл Æргиунгæгмæ æрæмбурдæнцæ Кæсæг, Дигорæ, Ирæ 'ма Цецен æма Ногъай æма Тæтæри бунцагъд никкодтонцæ Дзулати мæсуги рази æма сæ Æргиунгæгæй фæссурдтонцæ. Тæтæри Хуцау отæ фæттæрсун кодта, æма бустæги сæхе райстонцæ ардигæй. Уæдæй ардæмæ еци бунат хуннуй Тæтæртупп, е ба æй Тæтæрæн сæ тъупп кæми фæццудæй, еци рауæн, ома тæтæр кæми бабун æнцæ. Æгас адæмтæн ковæндони бунат сцæй уæдæй ардæмæ Тæтæртупп. Дауæ стур гъуддаги туххæй кæбæл уидæ, цид, омæн адæм стæрхон кæнионцæ Тæтæртуппæй ард хуæрун. Ходаистæй æма бæгъæнвадæй фæццæуионцæ ковæндонмæ. Ард ка бахуæридæ, уой æгас мæйæ адæм сæхемæ нæ уагътонцæ, ка 'й зонуй кæд мæнг ард бахуардта, уæд мах дæр басодздзæнæй, зæгъгæ. Ой бæрцæбæл адтæй тухуаст еци ард. Тæтæртуппæй гиризæй мæнгæ соми кæнæн н' адтæй.
Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1906 аз, январь. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф. 11.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |