Главная > Историон таурæгътæ > Æртæ æфсымæры
Æртæ æфсымæры15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck |
Сидæмон, Хъусæг æмæ Æгъуыза уыдысты æфсымæртæ. Бирæ фæцардысты æмæ уарын æрымысыдысты. Уыдис сын уаринаг сызгъæрин кард, сызгъæрин тын æмæ сызгъæрин пурти. Байуæрстой, æмæ тын фæцис Сидæмоны, кард фæцис Æгъуызайы, пурти — Хъусæджы. Хъусæг кæстæр уыди. Æркæнæггаг лæг сын уыди Цъæхил, æмæ йæ Хъусæгæн балæвар кодтой. Афтæмæй тын куыд даргъ уыди, афтæ Сидæмоны мыггаг дæр адаргъ æмæ бæстæ бацахста. Æгъуызайы кард фæцис, æмæ æхсар уый мыггагæн баззад. Пурти Хъусæджы фæцис, æмæ кад уый мыггагæн баззад. Радзырдта йæ Дзабиты Хъаплан, 1927 аз, Цхинвал. Хуссар Ирыстоны фольклор, Сталинир, 1937, ф. 317. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |