поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Дигор-Хъабани зар
Автор: 00mN1ck / 24 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Дигор-Хъабан уæд адтæн,
Æма Зæдæлескæмæ ку бацæуинæ,
Абисалти Елберди, дæлбунти-уæлбунтигæнгæ,
Æхе ку расаидæ,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Мæсуги сæрмæ ку исхезинæ,
Æма æ рæсугъд уосæ сау лотон* бæгæни
Хæссун ку баидаидæ,
Æма æ сау дзигкотæ мæ астæубæл ку æртохидæ,
Гъе, Дигор-Хъабан ба уæд адтæн!
Сæумæ раги мæ уорс аласабæл саргъ ку исивæрун кæнинæ,
'Ма мæ егарти хæтдзæ уордигки ку рацæуинæ
Зæрдидзæбæхæн Хъарабугъати рæзти,
'Ма мæммæ кæсунæй хуæнхаг унгæг хæдзари къæразгæй
Сæ нæуæгцуд киндзитæ 'ма кизгуттæ хаун ку баидаионцæ,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Дори хъæбæрæй мæммæ кæсунæй
Хъарабугъати киндзитæн æма кизгуттæн
Сæ дзедзетæ-еу ку исцъæх уиуонцæ,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Се уазæгдонæбæл син ку нæ банвæрсинæ,
'Ма мæ егарти бууат уоми ку искæнинæ,
'Ма мæ Хъарабугъати æфсинттæ сæ уæлнихти ку бахæссионцæ.
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Сау лотон бæгæни мин хæссун ку байдаиуонцæ,
Мæ цормæ ка 'ндеуидæ,
Етæ мæ цори ку лæууиуонцæ;
Ка не 'ндеуидæ мæ цори,
Йетæ ба мæбæл медæггони кæрæдзей тонун ку баидаиуонцæ,
«Мæнбæл банвæрссæнæй»**, – зæгъгæ.
«Дæуæй бабæй ци кæнуй, уотемæй»,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
'Ма уордигки ку рацæуинæ,
'Ма мин мæ егарти бууæттæ иуазæгдонæмæ
Сæ нæуæгцуд киндзитæ ма кизгуттæ
Ку æрбатомар кæнионцæ:
«Æхуæдæг хъалти арми æфтуйуй,
Фал уæддæр махæн ба æ иннæ фæууиндмæ
Æ егарти бууат нæ фагæ уодзæнæй,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Уордигки рацæугæй мин нæуæг уард метбæл
Мæ нæуæг къахдзæфтæбæл
Нивтæ кæрдун ку баидаионцæ,–
Гъе, Дигор-Хъабан ба уæд адтæн!
Уордигки рацæугæй,
Дууæ доней астæумæ* ку бацæуинæ
'Ма ку нигъгъæр кæнун кæнинæ:
«Махкемамæ**, æримбурд уотæ!» зæгъгæ.
Ка не 'рцæуидæ, уонæй ба
Лæхъуæн æма кизгæ ку ниссатар кæнинæ,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!
Ма кæмæй ниссатар кæнинæ,
Йетæ ба мæмæ сау лотон бæгæни ма борæ нæлфуси хæтдзæ
Корæг ку æрбацæуиуонцæ,
«Ка фæцæй, уонæн гæнæн нæбал ес», зæгъгæ,
«Фал и баизайæггæгтæ ба дæ мадæ, дæ фиди иуазæг», зæгъгæ,
Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн!

Радзырдта йæ Тобойты Сандир Гуйманы фырт, 4 апрель, 1909 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А. оп.1, дело 1, ф. 22–24.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru