поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Дигор-Хъабани фурт Айдарухъи зар
Автор: 00mN1ck / 24 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Дигор-Хъабани фурт Айдарухъ адтæй,
Далæ Кæсæгмæ ку фæццудæй,
Уæд имæ Кæсæги æлдæрттæ рацæун не 'ндиудтонцæ.
Сæ тохъосаути имæ рарвистонцæ, ма син не 'рфестæг æй.
Устур æлдар и 'фсини гъæуи цардæй,
'Ма имæ ракастæй æхуæдæг, æрæйфестæг кодта,
'Ма 'й сæ уæлнихтæ бахастонцæ æлдæрттæ,
Сæ фингитæ исестонцæ, ма ин нæуæг фингитæ ивардтонцæ.
Дзоруй сæмæ:
– Мæ хæтдзæ уи есге финги раз исбадæд!» – зæгъгæ.
'Ма си неке 'ндиудта.
Уæдта сæ еу исбадтæй æ хæтдзæ,
'Ма 'й бафарста (фæрсунæй айепп некæми ес):
– Ци изæд дæ, ци идауæг дæ?»
– Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн,
Зæнхон лæг дæн, Дигор-Хъабани фурт Айдарухъ дæн.
Хуардтонцæ, ниуазтонцæ.
Кæсæги æлдæртти æфсинттæ, кизгуттæ ба имæ
Дуæрттæ-къæрæзгитæй кастæнцæ:
Ци дессаг æй, ци хуæрзконд æй.
Æ гурæбæл ин нивтæ кодтонцæ,
Æ къахдзæфтæбæл ин нивтæ карстонцæ,
Уотæ имæ хицæ кодтонцæ,
'Ма ка имæ æ дзедзетæ æвдиста,
Ка ба имæ æ дзигкотæ æздухта,
Ка ба имæ æ къох тилдта, мæнмæ рацо, зæгъгæ.
Цæун фæндæ искодта,
'Ма ин æ хæтдзæ устур саугъатæ равардтонцæ:
Ка ин æхсгæ топп лæвардта,
Ка ин сугъзæринæй гъæст æхсаргард лæвардта,
Ка ин саулох бæх æд саргъ, æд идонæ лæвардта,
Ка ин сугъзæрингун сахат лæвардта,
Ка ба ин æ къохбæл сугъзæринæ къохдарæн бакæнидæ,
Кæстæреуæг кæнæг ба ин æ хæтдзæ адтæй Бадели:
Едонæбæл хуæцæг 'ма æ æгъдинцойнæбæл хуæцæг,
Йе 'хуæрст куд адтæй, уотæ.
Ку 'рбацудайдæ,
Мæхчески æмбурд ку кæнионцæ, уæдта 'й æмбурди
Кæрони бæхбæттæнæн дардта Бадели.
Гъенур ба Айдарухъ базæронд æй
'Ма æмбурдмæ нæбал цæуй,
Кæсæнцæстæй ракæсуй 'ма Бадели ниууидта:
Æмбурди дуййех кæнгæ исцудæй æнæ 'рфестæгуогæй.
Еци бон Айдарухъ загъта:
– Æ, уæууæй, уæууæй, Дигорæ, Айдарухъ уин базæронд æй.
Æз æй бæхбæттæнæн ку дардтон,
Нур ба уин фестæг дæр ку нæбал кæнуй,
Æцæг уæмæ ку некебал ес, Дигорæ».
Уæдæй фæстæмæ Айдарухъ
Æмбурдмæ æ фур мæстæй нæбал цудæй.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза. 10 август, 1927 аз, Уæхъæц. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 82, ф. 197–198.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru