(вариант) Æнгари лæвар ракорон, зæгъгæ, Айдарухъ иссæуй залун Донифарсмæ. Тулион Тулабег ку ракæнуй Хуарз Айдарухъæн æнгари лæвар Копсиуæ уорс аласа. Баделиати хъал фæсевæдмæ Бæхбæл гъазунмæ уæд ку рацудæй, Æ синæгдзæфтæй сæ, сау халæнттау, Фæйнердæмæ тæхунтæ кодта. Баделиати устур Бадели Мæцути астæуккаг цъухбæл хæдзарæн Сахæй хъалагъур уæд ку ниввардта. Айдарухъ Айдарухъ уæд адтæй, Æхсæлæгини уард метбæл Тæрхъосдзауæни ку рацæуидæ, Уæд Баделиати кизгуттæ æмæ киндзитæ Æ къахи фæдтæбæл дзабури Нивтæ ку карстонцæ, Æ хораууæнттæбæл ин Цохъай нивтæ уæд карстонцæ. Баделиати кизгуттæ имæ Сæ дзедзетæ ку балвасионцæ, Сæ киндзитæ ба имæ Сæ дзедзетæ ку рауадзиуонцæ, Айдарухъ Айдарухъ уæд адтæй! Нур Айдарухъ базæронд æй. Фæрæскъæтти нихæси фестъæлфтæй. – Мæ зæронддзинадæ уомæй бæрæг æй, – Баделиатæ рæнгъæбæл бадун байдæдтонцæ, Гъæйтт, Дигорæ, уе 'сæвд æрцæуа! Айдарухъ мæрдти бæсти Дуггаг мард кæд кæндзæнæй! Еци копсиуæ уорс аласабæл Уомæн е нæ хуæздæр фурт Авд Уæхъæци устур Стъонамæ Ку æрцæуа, Сæумæй-изæрмæ бæхбæттæнбæл Доргæвдæсæй е ку лæууа, Авд Уæхъæцæй фæсевæд ибæл Æз-хуæздæрæй ку гъазонцæ, Йе 'гъдинцæйттæй йин Бæхъдартæ ку кæнонцæ. Йе 'лвасæнтæй йин Æркъе 'мбестæ ку кæнонцæ, Айдарухъ мæрдти бæсти Дуггаг мард уæд кæндзæнæй.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 38–39.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |