Магготы мæсыгæн Йæ сæр цæнгæт, Йæ къултæ фидар, Æндонæй арæзт. Йæ хицау уымæн Магготы Беро Йæ хуылфы бады. Уый авд хæстоны Хæстæввонг бадынц Тыхджын фæсивæд. Мæсыг дæр фидар Хъæбæр цæнгæтæй. Уæд Беро дзуры Хæстон тырынтæм: – Уæ, саг фæсивæд, Уæ, цырд фæлæуут! Уый, Лечъы 'фсæдтæ Фыдсыг, фыдмигъау, Нымбæрзтой хæхтæ. Мачабели сæ Куы скæны махмæ. Хуыздæр-иу хъавут! Мæсыг куы сисой. Уæд мах æгасæй Бындзагъд кæндзысты! Гæрæхтæ кодтой Уæд Лечъы 'фсæдтæ. Нæмгуытæ схъиудтой Æндон мæсыгæй. Сæ тох æвирхъау, Æвзонг тырынтæ Тых кодтой ноджы Æлдары 'фсадыл. Ыстæй æрбацыд Дасетæй иу лæг, Быркуыйы мидæг. Куы бадзæбæхтæ – Нымыгъд æрцыдис, Æлдары къухæй Уый мард æрцыдис
Радзырдта йæ Мæргъиты Иликъо, 15 июль, 1938 аз, Дзауы ком, Тли. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |