Биаслантæмæ адтæй хуарз æфсинæ минкъи Маладес. Æхсæвæ фун фæидта: Æ гъæбеси бафтудæй, сугъзæринæ сæр кæмæн адтæй, уæхæн хелагæ. Еци фун дзурдта сæумæ, йеу дæсни ка дтæй, уæхæнæн: «Дессаг фун фæидтон, ци уодзæнæй, уой ба нæ зонун». Æ фун куд адтæй, уой ин æрдзурдта. Йеци дæсни ин загъта: «Дæ фун уæхæн фун æй, 'ма дин лæхъуæн игурдзæнæй, Æгас Кæсæгæн æлдардзинадæ ка кæндзæнæй, уæхæн». Уалдæнги ин лæхъуæн райгурдæй, Ма ибæл ном исæвардтонцæ Сари Аслæнбек. Сари Аслæнбек багъомбæл æй, 'Ма райста æгас Кæсæги æлдардзинадæ æхемæ. Уалдæнги уосгор иссæй; Ракурдта пахсайнаг, хъæбæр гъæздуг лæги кизгæ, Урусбити Хъургъохъи кизгæ. Хъургъохъ равардта æ кизгæн уæхæн дууæ сау гали: Фонси муггагæй уони рæсугъдæн некæд исæнтæстæй, Хъæбæр даргъ уорс хъæл сиутæ сæбæл адтæй, Сиути кæрæнтти адтæй цъæстæ, 'Ма сæбæл сугъзæринæ гъолтæ ниббаста, Уотемæй сæ равардта æ кизгæн Хъургъохъ. Гъенур ба Сари Аслæнбекмæ иуазæг исæмбалдæй, – Хъарадзаути Муртаз-Али. Загъта ин Сари Аслæнбек йеци Муртаз-Алиæн: «Дигорæмæ бацæун мæ фæндуй, 'Ма ци рæуонæй бацæуон, уой нæ зонун. Игъосун: дессаг хъарæгун лæг æй Хъанухъти Есе, 'Ма мæ уой базонун фæндуй». Муртаз-Али ин загъта: «Уомæн дин æз мадзал амонун; Дæ дууæ сау гали Тæторсмæ баскъæрæ, 'Ма уони рæуаги бацæудзæнæ». «Мадта мин сæ ду баскъæрæ 'ма мин сæмæ де 'нгæс дарæ». Уалдæнги сæ баскъардта Муртаз-Али Тæторсмæ дууæ сау гали. Йеци хабар нийгъустæй Дони фарсмæ, Хъанухъти Есемæ: «Дæ зæнхæбæл хезуй а уæхæн дууæ дессаг гали». Есе йеци гъуддагбæл кæронмæ бафарста, Ке галтæ æнцæ, ка сæ баскъардта, уой уалдæнгитæ сæ базудта, Уæдта сæмæ рарвиста лæгтæ, «Йеци рæсугъд галти мæнæн дæр фæййинун кæнтæ», – зæгъгæ, 'Ма сæ æхемæ æртæрун кодта. Расææвгарста 'ма æгас Дигорæмæ дæр рарвиста, Есе кувд кæнуй, зæгъгæ, еци æгъдауæй. 'Ма сæ бахуæрун кодта Дигорæн. Сæ сиутæй син ниуазæнтæ искодта, Сæ сугъзæринæ гъолтæ сæ уæлæ, уотемæй. Йеци хабар кодта Хъарадзауи фурт Муртаз-Али Сари Аслæнбекæн. Йеци хабар ку фегъуста Сари Аслæнбек, Æ уосæ ин уæд бауайдзæф кодта, «Е дин нæ равгарста дæ галтæ, Фал дин райста дæ уосæ, Ма дин цæргæ нæбал æй еци æфхуæрди хæтдзæ». Сари Аслæнбек æфсæдтæ кæнун унаффæ искодта Хъанухъи-фуртбæл: Кæсæгæй,Ассиæй, будури баделиатæй. Се 'мбурд кæнæн адтæй Хъарадзаути размæ, Ирæфи билæбæл, Къодахи будури. Исæййафтонцæ сæдæ бæхгини: Кæсæгæй, Ассиæй 'ма будури баделиатæй. Сæ топпи гъæр – арви нæрунау, Сæ топпи хъуæцæ ма сæ коми тулфæ – мегъи сдуккау. Донифарси Хъанухъти устур Есе мæсуги сæрæй æ сугъзæринæ цæстикæсæнæй ниффæлгæсуй. «Йа дессаг! Нæ коми думæги хæрæ мегъæ ку бадуй, 'Ма ци дессаг æй ауæхæн хор бони?» Æрбаимæхабарæй: Е хæрæ мегъæ нæй, Фал Биасланти Сари Аслæнбек йе 'фсæдти хæццæ æрбацуй Дигорæмæ. Æма йе æй уони топпи хъуæцæ ма бæхти коми тулфæ. Уæд бафæрсуй: «Йеци Елиай гæрæхтæ ба ци æнцæ?» Йетæ ба æнцæ, зæгъгæ ин загътонцæ, – сæ топпи гъæр æма се 'хси цæлхъ. Уалдæнги сæмæ æ сугъзæринæ кæсæнцæстæй кæсуй Есе. 'Ма Бафони æфцæгбæл æрбазиндтæнцæ еци æфсæдтæ. Разæй цæуй æртæ бæхгини; «Йа дессаг! Атæ циуавæр æнцæ, аци æртæ бæхгини? – Раззаги бафæсмардта: – – А ба, Хъарадзаути, фингдзауæй ка базæронд æй, еци Муртаз-Али ку æй. Цъæх цагъди муггаг бæхбæл бадуй, æ барцæ галеуæрдæмæ. Уой фæсте цæуй ездон лæг. Æ бæх дæр кæдзос, Æхуæдæг дæр кæдзос тогæй, Мист рагъ саулох бæхбæл бадуй, æ барцæ рахесæрдæмæ, Æхебæл донгъуз тунæй цохъа. Æртиггаг бæхгинмæ кæсуй, а ба ка уодзæнæй, зæгъгæ. Уæд бафæсмардта уой дæр: «Мæнæй уотæ ма ка 'й, А ба Сивсий фурт, Cафар-Али кæсгон, Хъувгъандзауæй ка базæрондæй, йе ку æй». Йеци дууæ лæги адтæнцæ Сари Аслæнбекæн æ кегъæретæ Дигорæмæ. Задæлески игуæрдæнти сæ уосонгæ æрсагътонцæ, се 'хсæвейуат. Уордæгки Сари Аслæнбек рарвиста Хъанухъи-фуртмæ минæвæрттæ; «Иуазæг байуазæг кæнунмæ дæмæ ци хъаурæ уодзæнæй?» Хъанухъи-фурт ба имæ дзуапп рарвиста фæстæмæ: «Иуазæг æгъдаубæл иуазæг ку уа, Уæд ин бахуæрун кæндзæнæн фитдзаг æхсæвæ Дигорон хъæбæр кæрдзин цæхгун цигъди хæтдзæ, Уобæл ку нæ бамвæрса, Уæд ин дуггаг æхсæвæ бахуæрун кæндзæнæн уорс дзол уорс муди хæтдзæ. Уобæл дæр ку нæ бамвæрса, Уæдда й бакæндзæнæн æртиггаг æхсæвæ Хъозити арф искъæти уорс дзоги хæтдзæ, хути хæтдзæ». Йеци дзуапп имæ ку нихъхъæрдтæй Сари Аслæнбекмæ, уæд имæ сагъæстæ бацудæй. Нур ба æхе исхæстæгдæр кодта Донифарсмæ, гъæумæ. Уоми бабæй Миссигони æхсæвейуат бакодтонцæ; Сæумæ ба æхе гъуди рацудæй, 'Ма æ хъувгъан æ размæ æривардта, Хъанухъи-фурт ин æй мæсуги сæрæй фехста, 'Ма ин æ хъувгъан раморæ кодта. «Гъе мин мæхемæ ку гъавтайдæ, уæд мин мæхе дæр уотæ фергъавтайдæ. 'Ма мин уой хæтдзæ мæнæн тохгæ нæбал æй». Уæд иуазæги æгъдауæй сæхе равардтонцæ Хъанухъи-фуртмæ. 'Ма сæ бауорæдта æстæмæй-астмæ, Уорс дзол æма сæ уорс мудæй исхаста 'Ма дигорон æлотон бæгæниæй. Уæдта син лæвардта, еци гъуддæгтæ ци галти фæдбæл рацудæнцæ, Уони сиутæй, сæ сугъзæринæ гъолтæ дæр ма сæ уæле уогæй, Дигорон æлотон бæгæни. Гъе нур ба цæун унаффæ искодтонцæ еци иуазгутæ, 'Ма бафарста Сари Аслæнбеки Хъанухъи-фурт: «Ци лæвар дæ гъæуй», – зæгъгæ... Йе ба ин загъта: «Дæ бæх мин ралæвар кæнæ», – зæгъгæ. Хъанухъи-фуртмæ адтæй сау саулох бæх, 'ма загъта: «Дæттун æй дзурдкондæй, Мæ колдуарæй æндæ билæ ку фæууа, Фæстæмæ ци æрбахæсса, Уæд уомæн раттæн нæбал ес нецибал æгъдауæй». Йеци загъд имæ гъигæ фæккастæй Сари Аслæнбекмæ, «Æз ба кæсгон æлдар уогæй Куд мæ æрбахæсдзæнæй фæстæмæ, Кæсгон лæг бæхбæл некæд исбадтæй!? – зæгъгæ». Йеци загъди фæдбæл ин Есе дигорон æлотон бæгæниæй æ ниуазæн равардта, Фæндарасти ниуазæн, зæгъгæ. Æлотон бæгæниæй æ зæрдæ ку исрохсæй Сари Аслæнбекæн, Уæд раарфæ кодта 'ма бæхбæл гъазун райдæдта Мисигони æндзæр хумти. Йеу хатти фæстæмæ ку æрбагъазта, Уæд ин уорамун нæбал бакумдта, 'Ма 'й тургъи медколдуар фæккодта бæх. Сæ дзурд адтæй конд уонæн, Басайæни муггаг н' адтæй æ дзурдæн Хъанухъи-фуртæн. Æфсæйнаг колдуар ибæл федар конд æрцудæй. Сари Аслæнбек цудæй æфсæдти хæтдзæ тухæ кæнунмæ Есемæ, Фал æхуæдæг фæстæмæ æлхæнуйнаг иссæй æ бæхгини рæуаги. Байæлхæдтонцæ йе 'мбæлттæ æстдæс-æстдæсемæй, Рандæнцæ етæ еци æгъдауи хæтдзæ. Дигорæмæ байзадæй кадæ Хъанухъти-Есей рæуаги.
Радзырдта йæ Тобойты Дзæрæхмæты фырт Цицей, 6 февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу.Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 328–332.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |