Уай, Хъантемурти хуарз Хъарадзау! Уо-уой, арви рохси фæббадуйнаг, Хъантемурти хуарз Хъарадзау! Уæй, Дигори æфцæгæй ку ратæхуй, Уо-уæй, и уорс цæргæс, и уорс цæргæс! Запарати** мæсугбæл, уæй, ку ниббадуй. Уæй, ци уодзæнæй, куд уодзæнæй, ка уодзæнæй? Йа-уай, и сау гурдзи ку разæгъунцæ: – Хъантемурти хуарз Хъарадзау ку уодзæнæй, Хъалон есунмæ ку 'рбацудæй, Уæй, нур ба, зæгъæ, фæндтæ ма фæнди сæртæ, Йе, уæй-уæй, и сау гурдзи Фæндтæ ма фæнди сæртæ, уæй, ку кæнунцæ. Йе, уæй, арви рохси фæббадуйнаг, Хъантемурти хуарз Хъарадзау! Уæ, и фиццаг цæф, уæй, и тугури, Йа-уæй, Хъантемурти хуарз Хъарадзау Нигъгъæр кæнуй: – Уæй, Запарати истур къæхти Уæ ку 'ссеринæ Емерети будури! Уæй, сæхе бæхтæ аласатæ, уæй, аласатæ; Йе-уæ, уæд син, зæгъæ, мæ цубур карди хæтдзæ Бакосинæ дессæгтæ 'ма тамасатæ! Йе – уæй, арви рохси фæббадуйнаг Хъантемурти хуарз Хъарадзау!
Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 2 мартъи, 1921 аз. Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папкæ 13, ф. 156.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |