(вариант) Дигори хонхæй уорссæр цæргæс ратахтæй, Гурдзий хонхбæл бабадтæй. Мерети лигъз будури ниббадтæй, Рохс дзенети фæббадуйнаг! Уорс цæргæс н' адтæй, Хъантемурти бæгъатæр хуарз Хъарадзау бæргæ адтæй! Æхе бæхтæ аласатæ: – Æз ку 'ссердтайнæ Дзапарати даргъ бохъурти Мерети лигъз будури, Никкодтайнæ сæ Фæстагонтæн дессæгтæ 'ма тамасатæ. Хъарадзауæн æ фиццаг цæф сæ тугурбæл, Уой фæсте ба сæ сау рæхисбæл.
Радзырдта йæ Хъубадти Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралы, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф.80.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |