Гъæ, гъæ... гъæйтт, гъæйтт! Гъæйтт дын дæ фыдæй баззади, Цырыхон хорз Цомахъ... Цырыхаты гæнахæй боброн ратахт , Гъæйтт, гъæйтт, боброн куы нæ уыд, Фæлæ Ацынæджы фырт хорз Цомахъ уыд... Гъæйтт, гъæйтт, уады æфсæдтæ Ассыйы былмæ куы бахæццæ сты, Ассыйы былыл æфсæдтæ æрæмбырд сты, Зæгъæгаты Сау Зæгъæг та уæд сæ хицау уыди. Æмæ, зæгъы, Сау Зæгъæг дзуры: – Цæйут-ма, лæппутæ, уæдæ уæ тырыса чи ахæсдзæни? Ничи сæ ницы дзуры. Дыггаг хатт зæгъы, æмæ та ничи; Æртыггаг хатт куыддæр загъта, Цомахъ бæх ныццæфтæ кодта æмæ дзуры: – Æз ахæсдзынæн тырыса, Фæлæ мын уалæ Луары Гуртмазы аласа ратт – Æз æй хæсдзынæн. Æрластой йын æй, тырыса райста... Хæцын байдыдтой, æмæ топпы нæмыг йæ уæраг-кæхцыл сæмбæлд. – Гъæй, цы кодтай, Цырыхы-фырт? – Ницы, мæнæ ме 'хтонг чысыл аскъуыд. Мардзæ йæ кард уыди, тох-тох та йæ топп уыди... Пæхсæнтæ дæ – фæлгæсæнтæ, цæлхнæдтæ – дæ лæбурæнтæ... Тæнзæрдæ лæгæн зæрдæ чи 'вæрдта; Хъæбатыр лæгмæ та лæгæй – лæгмæ чи цыди... Дзæнæтæй хайджын уай, Цырыхон хорз Цомахъ!..
Фыст æрцыди 1899 азы. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Гатуева, № 20–7, папкæ 8, ф.5.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |