(вариант) Цырыхаты гæнахæй, зæгъ, бур уари ратахти. Уый бур уари нæ уыди, фæлæ уыди Цырыхаты бæгъатыр Цомахъ. Мигъæй æврагъы æхсæн айста йæхи. Пæхсæнтты бæрзонд йæ изæр фæлгæсæн, Болойы хох та йын уыди йæ райсом фæлгæсæн. Быдыры цæлхнæдтæ йæ лæбурæнтæ. Кæсгон æлдæрттæ се сгуыхты тырыса куы раргом кодтой. Уæд сæм Цырыхаты Цомахъ куы балæбурдта, Уæ, æмæ сын сæ тырыса се 'хсæнæй куы рафардæг кæны. – Уæй, æмбисхай дын бакæндзыстæм, Цомахъ, Уæддæр нын нæ тырыса куы ныууадзис! – Йæй, мæ фыд Асынæг мын афтæ куы нæ загъта: Æмæ дæхи фосæй æмбисхæйттæ ис, зæгъгæ! Уæртæ тырыса хæссын хъæуы Мцхетамæ. Уæйтт, уæй, хъæбатыр Цомахъ!
Зарæг сарæзта Цырыхаты Зæрæби.Радзырдта йæ Цырыхаты Ладе Зæрæбийы фырт, 73-аздзыд. Ныффыста йæ Мамсыраты А., 21 июль, 1959 аз, Уæллаг Хъæни. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 250, папкæ 117, ф. 150.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |