(вариант) Уæй, Куырттатæ, уæ, æрæмбырд-ма ут, Дæлæ, дам, уæ агъуыст-ныхасмæ. Дæллагхъæуы агъуыст-ныхасмæ æрæмбырд ут, гъей! Дæлæ дам-иу урс паддзахæй Хъулон гæххæтт куы схæццæ вæййы. Алы хъæутæй ызгъордтытæ куы сисынц агъуыст-ныхасмæ, Æрæмбырд вæййынц агъуыст-ныхасмæ. Сæ хъулон гæххæтмæ ракæс-бакæс куы фæкæнынц, гъей. Авд лæгæй йæ куы фæхæссынц Уæртæ Уæлладжыры коммæ, Мамийы фыртмæ хорз Хъарадзаумæ, Куыд сын æй бакæса, куыд сын æй равзара, гъей. – Урс паддзах уæм куы сиды, куы, сæрвыста уæм: «Рацæут мæм, баныхас кæнæм, Бауынаффæ кæнæм нæ иумæйаг хъуыддæгтыл».
Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 451, папкæ 21, ф. 25.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |