Уæйдт, уæрæйда, рæйди-райда! Уæйдт, уæрæйда, рæйда-ра! Гъæй-гъæй, Уæллаг Ири хестæртæ Рамбурд æнцæ, гъа! (Даргъгомау.) Уай, Уæллаг Ири хестæртæ, Гъай, æма, рарвистонцæ, Гъей-гъей, алли коммæ дæр федеуæг, гъей! (Даргъгомау.)
«Уай, æма, бæхæвзурст æма, Гъей-гъей, лæгæвзурстæй, Гъай, абони нæ, фалæ иннæ абони Изгидæмæ куд æрæмбурд уайтæ, гъай!» (Даргъгомау.) Уай, еци бонæ æримбурд æнцæ Гъæдт, æма, бæхæвзурст æма лæгæвзурстæй, Гъей-гъей, Изгидæмæ, гъай! (Даргъгомау.) Гъай, фæндитæ, зæгъуй, æркодтонцæ: «Уæй æма, мах цæуæн, зæгъгæ, Ортæ Уæллагкоммæ, Гъай-гъай, хъалон есунмæ, гъай!» (Даргъгомау.) Уæй, сæ раззæгтæ ку загътонцæ: «Уæй, мах цæуæн, зæгъгæ, Ревон æфцæгмæ. Уай, æма, бонасадæн, уой, уой, Уоми кæндзинан, гъай!» (Даргъгомау.) Гъæй, æримбурд æнцæ Ревони æфцæгбæл, Фæндитæ бакодтонцæ, уой æма гъай! «Уой, мах цæуæн, зæгъуй, Уæртæ Уæллагкоммæ, Уой, æма, хъалон есунмæ! Гъай-гъæйдт, уæрæйда, гъай! Уай, нæ фусун, зæгъуй, Æркæндзинан, уай, æма, Гæлауон Гæуисмæ, Уæй, æма, Думон Басилмæ, Гъей-гъей, Къæмунон Гуламæ, гъай! Гъей, уонæн, зæгъуй, Сæ дугайанздзуд , зæгъуй, Уæй, цæхгун фæрстæй æма цæхгун дунгутæй, Гъей, гъей, æма истад сау бæгæнитæй, Гъей, нæ губунтæ ку райдауæн, Уайтæ 'ма уæрайдæ-рæ, Уой-уой, уæрæйда, гъой! Уай, гъе, уой фæсте нæ кæстæртæ, Гъæйдт, æма рауайдзæнæнцæ, Гъей-гъей, мæстгунхузæй, гъай! (Даргъгомау.) Гъæйдт, æма хæтæлгъæртæ æруадздзæнæнцæ, Гъей-гъей, се стæвдтæ, Гъей-гъей, доррæбунтæмæ фæлледздзæнæнцæ, гъай! (Даргъгомау.) Гъай, сæ листæгутæ æма сæ силгоймæгтæ, Гъей, æма бунати байзайдзæнæнцæ, Гъей-гъей, фæндон миутæ кæндзинан, гъау! (Даргъгомау.) Гъæйдт, æма истур фæзи, Уай, истур фæзи æримбурд æнцæ, Гъей-гъей, Уæллаг Ирæ, гъай! (Даргъгомау.) Уай, гъе уордиги рарвистонцæ, Гъæй, æма Къæмунти тегъæмæ, гъай! Сæ турусахæссæги, гъай! Гъей, гъе Къæмунти тегъæмæ, гъай! «Уай, базонун кæнон æртæ Уæллагкомæн, Уай, мах ке 'рцудан хъалон есунмæ, Гъай-гъай, уарайда-ра, гъай!» Уай, сæ турусахæссæг Къæмунти тегъæбæл, Уай, æма бæргæ æрлæудтæй! «Гъей-гъей, Уæллагком, базонетæ, гъай! Гъай, мах уæмæ ке 'рцудан, Уай, æма хъалон есунмæ, гъей-гъей!» Уалæммæ имæ, гъей! (Даргъгомау.) Уай,Хъарати игонварсæй, Уай, арви гæрах фæццудæй, зæгъуй, Уай, арви гæрах н' адтæй Хъарати, уæй, æма, Гибицой, зæгъуй, Сау хъæрæймаги гæрах ку адтæй, гъай! Гъай, Уæллаг Ирæн сæ турусахæссæгæн, Уай æма, йæ уæраги ставд, Гъей-гъей бæргæ фæссастæй, гъай! Гъай, сæ турусахæссæг тагъдгомау Се стур æмбурдмæ фæстæмæ ку фездахтæй. Гъæйт, гъæйдт, уæрæйдæ, гъай! Уай, йеу ка адтæй, е ку дзоруй: «Уай, фидибон уин фæууа, Уæллагкомæн, Уай, турусахæссæгæн хуарз салан дæттун, Гъай-гъай, байдæдтонцæ, гъай! (Даргъгомау.) Уай, уорс бæхи хъури сурх дари Бæттун байдæдтонцæ, Уæйдт æма, уæрæйда-ра, Гъæйта-райда, гъæй!» Уай, истур фæзæй халон нæбал уасуй, Уæйдт, æма, Хъапрати сау хъæрæймаг, Уой-уой, Уæллаг Ирæн, гъай! Уай, уортæ Уæллагкомæй Хъалон хæссун нæбал уадзуй! Уæйдт, æма, уæрæйдæ -ра, Гъæйдт, гъæйдт, уæрæйдæ, гъай!*
Азарыди йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 14 ноябрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, с. 1–14.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |