– Фæдес, фæдес, Туйгъантæ! Дæлæ уин Худзухи билтæбæл Уæ бæхæргъау фæттардæуй, гургургæнгæ. Фæдеси бони Туйгъанти лæхъуæнтæ хустæнцæ Се уазæгдæнтти хур-хургæнгæ. Бæхæргъауи хæтдзæ фæттæрунцæ æдкъæлæу бæх. Тæтæрхъан нигъгъæр кодта: – Аци бон мæ ме 'рвадтæлти бæсти Ку адтайдæ мæ хъæрæу бæх! Туйгъантæмæ ку фæууодзæнæй Сунтфæдесон, халонгъæргæнæг: – Уæ сугъзæринæ бæласæ рахъан æй Дæлæ Худзухи билæбæл æд талатæ! Къулдуни рагъбæл фæццæуй берæгъбал, фиййаугуйтæ. Дур-Дури истурдзух лæхъуæнтæ Фæдеси бони нихъхъан унцæ Сæ хæдзæртти фæсте и аууæнтти инайгутау.
Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 14 февраль, 1926 аз, Дзæуджыхъæу.Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папкæ 13, ф.81.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |