Дзæнæты бадай, Дзæнæты бадай, Пухаты Иликъо, Уæй, уæрæйдæ, ой! Дзæнæты бадай, Пухаты Иликъо. Адæмы тыххæй, Мæгуырты тыххæй, Æлдæртты цагътай, – Уæй, уæрæйдæ, ой! Адæмы тыххæй Æлдæртты цагътай, Фынгтæ самадтай, Фынгтæ самадтай Сыгъдæг мохъотæй, Уæй, уæрæйдæ, ой! Фынгтæ самадтай Сыгъдæг мохъотæй.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 21.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |