Цæугæ ку кæнæн, цæугæ, цæугæ æма Мах фæндараст фæууодзинан, Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ, Уæрайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз. Цæрæконæн ба дууæ кизги ку адтæй, Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ, Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз! Дууæ кизги ба киндзи цудæнцæ, Уасгерги, Нигкола сæ киндзæ 'мбалтæ, Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ, Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз! Цæрæконбæл æхсæвæй-æхсæвæмæ Ку цудæй сæдæ сæдæ хуарзи, Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ, Уарæйдæ-ра, уæй, фæсте хуарз! Бонæй-бонмæ ба имæ Уæд цудæй сæдæ саги, Гъæйдт, уарæйда, уæрайдæ, Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз! Цæрæки коми истур тугъд ку адтæй. Истур тугъди бони Хъубадти Дзаниухъæн, Гъайдт, уарæйда, уæрайдæ, Уарæйдæ-ра, уæй, фæсте хуарз! Æ цубур цонгæн æ сау хъандзал Æфтауæн ку адтæй, Гъайдт, уарайда, уæрайдæ, Уарайдæ-ра, уæй, фæсте хуарз!
Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 18 декабрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурты Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, с. 53
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |