поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хазбийы зарæг
Автор: 00mN1ck / 5 июня 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Иу райсом раджы
Хазби сæууон ламаз акæны
Æмæ йæ ламаздыхъыл афынæй вæййы.
Æиппайды куы фестъæлфы,
Йæ зæронд мадмæ бауайы:
– Диссаг фынтæ федтон!
– Радзур-ма мын сæ, –
Дзуры йæм йæ зæронд мад, –
– Нæ комыдымæгæй
Залиаг калм æрбазынд –
Уый мæ фыццаг фын,
Мæ дыккаг фын та:
Нæ зæронд сау хъуг
Ралыгъди сæрвæтæй,
Нæ кæрты астæу
Дзыхъмард куы фæци
Богътæ кæнгæ.
Æртыккаг фын чи уыди:
Хъайсыны къахырæй
Дыууæ æхсинæджы ратахти,
Нæ галуаныл абадтысты.
Кæрæдзийы куы ныттыдтой,
Сæ бумбули акалдтой...
– Уæй, нана дæ фæхъхъау
Æрбауа. Рагæй дæр
Хæст-хæст куы фæкодтай.
Залиан калм кæй хоныс –
Гауыртæ нæм æрбацæуынц,
Хæстмæ мын цæудзынæ.
Зæронд сау хъуг
Кæмæй зæгъыс –
Хæсты мард фæуыдзынæ,
Дæ зæронд мад
Дæ мæрдæй
Дзыхъмард кæндзæн...
Дыууæ æхсинæджы кæй хоныс –
Дæ дыууæ хойы æрцæудзысты,
Сæ сау сæрыхил
Сæ урс цæнгтыл тухдзысты.

Хазби рауайы сæ хæдзарæй
Ныхасмæ.
Тлаттаты зæронд ныхасы
Тлаттаты зæронд лæгтæ
Комыдымæгмæ кæсынц
Æмæ дистæ кæнынц.
– Нæ комыдымæгæй
Диссаджы мигъ æрбазынди, –
Дзурынц зæрæдтæ. –
Йæ бынæй арвы хъæр куы цæуы,
Йæ сæрты сау халæттæ тæхынц.
Чи йæ фæлмы мигъ хуыдта
Чи та йæ æврагъ хуыдта.
   Хъайтыхъойы фырт гыццыл Хазби
Дардгомауæй бадзуры:
– Худинаг ма уæд,
Мæ хистæртæ,
Уый фæлмы мигъ нæу,
Фæлæ нæм гауыртæ æрбацæуынц, –
Гъæуыдон бæхты комытæф у.
Арвы хъæр кæй хонут,
Уый се 'нахуыр гæрзты хъæр у.
Сау халæттæ кæй хонут –
Нæ комы дур
Сæ зæвæтæй сæттынц
Æмæ йæ сæ сæрты æхсынц.
– Гауыртæ та цы хоныс?
Дзурынц æм зæрæдтæ.
Хазби сæм дзуры:
– Гауыртæ та –
Тъæпæнхудджынтæ,
Цыбырдымæгджынтæ.
Æрбацæуынц нæ дзыллæйæн
Тых кæнынмæ,
Нæ рæсугъд цæрæнтæ пырхкæнынмæ,
Нæ бæрзонд мæсгуытæ сæттынмæ,
Уацайрæгтæ хæссынмæ.
Ма сæ æрбауадзæм!
Абон стыр хæсты бон!..
Нæ фехъуыстон ма зæгъут,
Мæ хистæртæ!
Уæлæ сау хохыл –
Тæрхъусы кæрдæг.
Абон хæстмæ
Чи нæ рацæуа,
Уый ныккæнæд йæ усы кæрдæн.

Нæ фæзы хуымтæ Цъыккаты рувинаг.
Ацы хæстмæ чи нæ рацæуа, –
Фæуыдзæн мыггаджы худинаг. –
    Ныхасæй Хазби бацæуы
Сæ хæдзармæ. Кæртыдуарæй
Хъæргæнгæ бадзуры:
– Слонаты чызг,
Мæ рæсугъд Фырдæуыз!
Тас æмæ хъуывгъан мын рахæсс,
Æз æвдæз сисон, хъазуаты æвдæз.
Ныртæккæ хæстмæ цæуын хъæуы. –
Йæ ус Фырдæуыз ын
Тас æмæ хъуывгъан куы рахæссы.
Урс кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл,
Ставд цæссыгæй кæугæйæ.
Хазби йæм куы дзуры:
– Цæуыл кæуыс, мæ рæсугъд Фырдæуыз?
Æз дæн куы амæлон, –
Ахæрæты нын дзæнæт уыдзæн,
Дунейыл дын куы баззайон –
Кадджын, намысимæ фæцæрдзыстæм.
    Хазби хæстмæ рараст вæййы.
Сусхъæдæй хæрис тъæпæнæг,
Ныхасмæ фæхъæр кæны
– Æртæ коммæ мын арвитут
Сусæгæй фæдис хъæргæнæг.
Фæдис хъæргæнæг арвитынц
Уæллаг Хъобаны Хъаныхъуатæм,
Йæ фæндаг Бытъатыл акæны
Саратаг* мугдзау чырын скодта,
Чырын нæ уыди, æфсондз скодта.
Бытъаты хорз Мырзабег
Йæхи рынчын скодта...
Рынчын нæ уыди,
Фæлæ хæсты тыххæй æфсон скодта.

Фæдисон хъæргæнæг
Хъаныхъуатæм схæтдзæ.
Сæ устытæ йæм рауадысты.
– Цавæр у? Цы хабар у?
– Хазби мæ сæрвыста:
Хæстмæ цæуын хъæуы.
– Нæ хорз лæгтæй
Ам ничи ис...
Касийы куырдадзы ног рæс и:
Иунæг Майрæмсау ма кæм ис,
Уый та Хъобанæн Дзагъылыйы** родгæс сси.

Фæдисон-хъæргæнæг уырдыгæй
Дæллаг Санибамæ бахæтдзæ вæййы,
Куындыхатæм рахизы.
Алхæст æм рацæуы:
– Цавæр у? Цы хабар у?
– Тлаттатæ мæ æрбарвыстой:
Дыууæ доны астæу
Стыр хæст ис...
– Балтæйы хæдзæрттæ
Æмбæрзт æмæ æнæмбæрзт.
Хъæлæкк фæцæуиккам, фæлæ
Нæ Рекомы кусæртытæ
Æргæвст æмæ æнæргæвст.

Уырдыгæй Уæллаг Санибайы
Есенатæм схæццæ вæййы,
Зæууаты сын сæ Бекон.
Бынтæ сæ бакæна сæ Реком.
Хъæвдыны чырыны сæ сомтæ,
Есенатæ хæстмæ куыд ацæуой,
Нæма ссыдысты сæ Рекомæн
Йæ сойтæ.

Фæдисон-хъæргæнæг
Уæллаг Тменыхъæумæ схæтдзæ.
Тугъанатæм бадзуры.
Уалдзыгон далыс куыист кæнынмæ...
Тугъанатæ фæцыдысты хæдзарæн лæгæй
Майрæмыхъæумæ*** хист хæрынмæ.

Сагджын Бæрзы цуанон
Йæ сырдтимæ æмхæтдзæ...
Мауал тæрс, хорз Хазби!
Аспиаты хорз Хамырзæ дæм
Хæсты тынгмæ
Йæ фырттимæ ысхæтдзæ.

Адеты Безан йæ гал æвзарынмæ,
Мауал тæрс, Хазби!
Фаллаг комæй (Куырттатæй) дæм
Цæлыккаты дынджыр Хъæссай
Рахæццæ гауыры бæрзæйтыл
Йæ кард æвзарынмæ.

Ацы аз хорæн æвзæр аз у.
Сыхсы**** фесæфти,
Сыхсы бæргæ нæ фесæфтаид,
Их ыл рауарыд...
Хъаныхъуаты хорз Хуысинæ
Хæстмæ цæугæйæ
Пыхсы фесæфти.
Пыхсы бæргæ нæ фесæфт –
Хидыл афардæг.

Арвыкомы цæлхнæдтæ...
Санаты дынджыр Тойæн куы уыдаид,
Мыхы***** уæлæмæ лидзгæйæ
Йын куы уыдаид
Гонкъулийы сагъдæй цæфхæдтæ.

Сау хохы сæрæй урс цæргæс ратахти
Быдырмæ хæтынмæ 'й авд сынтимæ...
Санаты хорз Азгери рахæтдзæ
Хæцынмæ й' авд фыртимæ.
Гутоны гал дагъы бацыд,
Хазби фæхъæр кæны:
– Бæдтæн мын, мæ гыццыл Хъауырбег,******
Гауыры джебогъ 'м агъды бацыд.

Хазби хæсты фыццаг бон уыди иунæгæй. Æрбадти йæ хæцæны, Хъобандонæн йæ галиу фарс, бæрзонд къæдзæхы тигъыл. Иу чысыл фæстæдæр йæ фыд æмæ йе 'фсымæрты æвастæй рафæдис кодта 14-аз¬дзыд Хъауырбег, Хамырзæйы фырт. Æрбадт Мыхы бырынкъыл æмæ дзуры Хазбимæ:
– Æз æфсæдтæм хæстæгдæр дæн æмæ сын цы ранмæ хъавон: аххæрæг******* цæвон æви цæджындз?
Хазби йæм ныхъхъæр кодта:
– Æрхæццæ дæ, мæ рахиз къабаз, мæ цæсты рухс, Хъауырбег!
Аххæрæг цæв, уыййеддæмæ цæджындз йæхæдæг хаудзæн!


* Сарат - бæстæ уæдбылæн, рæсугъд хъæд, æрдуз дзы (Æмбалты Цоцко).
** Дзагъылыйы - Уæллаг Хъобаны сæрвæт (Æмбалты Цоцко).
*** Майрæмыхъæу хонынц дыууæ Хъæнийæ иуы (Æмбалты Цоцко).
**** Сыхсы - дыргъы мыггаг къудзи, къутæр, хъæлæрдзыйы хуызæн сау (Æмбалты Цоцко).
***** Мых - бæсты ном Хъобаны (Æмбалты Цоцко).
****** Хазби кæмæ сидти цæфæй, уый уыди Аспиаты Хамырзæйы фырт. Æрыгон уæвгæйæ, Хъауырбег уыди тынг хъæбатыр æмæ тынг арæхсти хæсты. Хæсты агъоммæ дæр Хазби æнæ Хъауырбег никæдæм уал цыди тых кæнынмæ, афтæ æххæстгуырд уыди æвзонг Хъауырбег. Куыд дзурынц, афтæмæй йыл цыди 14 азы хæсты бон. (Аллыкаты Бечыр).
******* Фæсномыгæй: сæ хицау æви æфсæдты (Æмбалты Цоцко).


Радзырдта йæ Алыккаты Бечыр Аслæмырзæйы фырт, 33-аздзыд, 1923 аз, Хъобан. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, 30–15, папкæ 73, ф. 195–203.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru