Гæрæмони будури тох ку адтæй. Йеци бон Дугъузи фурти бæсти Тургити Тъох ку адтайдæ! Дзæрæстей хъазах сау цæцæнмæ цæугæ кодтонцæ. Сæ мæгур маддæлтæ, сæ рæсугъд уоститæ уони фæсте кæугæ кодтонцæ. И Терки дон талатæ ласуй, Гæзети Дзабой топп сау цæцæни астæу галау ку уасуй. Терки къохæй гæггой ниууаста, Гулдити хуарз Гасаййæн сау цæцæни астæу æ топп ниууаста. Гокъинати хуарз Иналухъ сау цæцæнæн сæ тог ниуазта. Тæходуй, уæртæ Терки ма къох ку адтайдæ! Гулдити Гасай нигъгъæр кодта: – Гъæй-гиди! Аци бони тугъди мæ æгас хъазахи бæсти Тургити Тъох ку адтайдæ! Терки билæбæл и хъæзæ синдзи лæуд кодта, Слонати даргъзакъæ Заурбег Тохи бони нæуæг киндзи лæуд кодта.
Радзырдтой йæ Бæзиты Инал æмæ Текъойты Сæрæби. 16 октябрь, 1903 аз, Мæхческ. Ныффыста йæ Гарданты Михал. – «Памятники народного творчества осетин», вып. I., Владикавказ, 1927, ф. 132–133.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |