Хъæддзау хъæдæй рараст и, Æмæ йæ цалх дæндаггай бацис, Æмæ гъеуæд загътой: – амæн нын Дæндаггаг кæм уыдзæн? Ныр Туркмæ бæргæ лидзæм, Фæлæ нын фæндаггаг та кæм уыдзæн? Фæлидзæм Турчы бæстæм, Ацы джауыртæ нæ нал ныууадздзысты. Иунæг Хуыцау уын æй ма схатыр кæна Мах тæригъæдæй.
Сау хъæды æрдузы кæркусджытæ. Мах нæ бæрзонд уæладзгуытæй Фæтардтой нæ кусджытæ. Елхоты хъæды сын сæ фæрвы муртæ, Ныр ацы уæздæттæ зилын байдыдтой кæрдзынгуртæй.
Радзырдта йæ Датиты Темырхъо Саджейы фырт, 80-аздзыд, 1984 аз, Хæтæлдон. Ныффыстой йæ Коцойты Зæлинæ æмæ Мæринæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |