Æрыдоны, дам, мын йæ митуарды тыххæй Æмæ, дам, Саукуыдз куы бадзуры: – Мæныл Габанты хъалтæ сæмбæлдысты уæрдонæн йæ иу цалхы тыххæй. Хъæддзауты лæгдон, дам, мын хъæдæнгом талатæй. Габантæ 'мæ Беккуызартæ кæрæдзи фæцагътой фæтæнком хъаматæй. Уыналы, дам, мын хъуыдалы кæрдынмæ чи ссары, Æмæ, дам, Саукуыдз куы бадзуры: – Мæнæн, дам, ацы къуымыхфындз хъамайæ Габанты хъалты цæгъдынмæ чи ссары. Горæты, дам, мын тасы куырдтæ мæ æрхуыйы цæгъдæнтæ, Æмæ æз Габанты хъалты куы ныккодтон арсы къуыхтæ 'мæ нæл хуыйы кæрдæнтæ. Уыналы хуымтæ мын дурджынтæ мæ къуыбарджынтæ. Габантæ 'мæ Беккуызартæ куы фесты туджджынтæ 'мæ лæгмарджытæ. Габанты хуымтæ, дам, мын куы фесты рувинаг, Куы фесты, уæд сæ сындзы тыххæй. Габантæн сæ хъал фæсивæд куы фæхудинаг сты уæд сæ чындзы тыххæй. Црауы быдыртæ мын хосгæрстæн бæздзысты. Æмæ, дам,Саукуыдз куы бадзуры: Тагъд, дам, мыл ма кæнут, Уыналы зæрæдтæ, дам, мын хъомгæстæн бæздзысты.
Æвзæр салдат мын сухари ныххордта. Æмæ, дам, мæ мæтæй амарут, Габанты хъалтæ, Æз уæ фыддæрагæн Сыбыры бинаг къæйыл дукани ныккодтон.
Радзырдта йæ Кокуаты Зауырбег Харитъоны фырт. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия, 20 июль, 1959 аз, Уæллаг Хъæни. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 250, папкæ 117, ф. 10–11.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |