Рагæй æносмæ Хъубадтæ ку дзорунцæ Хæресбæл, Сæ тох уонæн ку адтæй Дæбæлати хæтдзæ. Рагæйдæр ку цудæнцæ сæ хъалон есунмæ Хæресмæ, Ку бабæй æрбацудæнцæ хъалон есунмæ, Ку рартастонцæ хебарвæндонæй Хæреси бæрзонди Дæбæлати фонсæй фус хуæздæртæ, Сæгъæй сæгъæ хуæздæртæ, галæй гал хуæздæртæ, Гъогæй гъог хуæздæртæ сæ зæрди фæндон. Мæгур лæг Цæрай, фæззигон хуасдзау Тæгæри гæмæхтæмæ уой ку райгъуста, Бæгъатæр Цæрай тæгæраг сау дорбæл Е 'ндон сау хъæма фæрсинсад ку скодта Гъей, Дæбæлати Цæрай, рохсаг æрбауай! Хъубадти рæхсæнхуар карз Хаджи-Муссæ Дигоргоми фонси дзæбæхти Рагъæвзарæ ку фæккодта. «Дигоргоми фæсевæд, æзмæлæг уи мабал байзайа!» – Цæрай ку схъæртуй сау хъæмай хæтдзæ. Хæреси гал, дан, арси каст никкодта, Дæбæлати Цæрай, рохсаг уйнаггаг, Хъубадти Хаджи-Мусси наси карст никкодта. Уомæн ку дзорунцæ Дигори зæрæндтæ: Баделатæ, дан, фæдагор æнцæ. Æма дæ, Цæрай, нæбал ниууадздзæнæнцæ. Бавдæлæ, æма ести æрдæмæ Фæлледзæ, мæ хор, бафснайæ дæхе. Хъубадтæ Хæресæй ку рахастонцæ Са царди кади Хаджи-Мусси, Ку рацудæнцæ Дигори комбæл, Уæд сæмæ Дæбæлати хуарз Цæрай ку нигъгъæр кæнуй: «Уæ, Баделати хуарз цауæйнонтæ! Берæ уин радта Хуцау, уæхæн сирди мард кæмæ ес! Нард уæцъæф уин æй æви мæллæг æй?» Нигки бабæй сæмæ ку багъæр уæнуй: «Иннæ хатт ба уин дууæ сирди марди, Æнæнгъæлтæбæл дууæ цæхгуйнаги». Етæ дæр имæ ку радзорунцæ: «Ниууадзæ, Цæрай, сау халон уæрццæ некæд ахæссуй, Фал аци хатт ба кув ниййахæста!» Уæдæй фæстæмæ Хъубадти уæздæнттæ Ку ниууагътонцæ Хæреси зæнхæ, Уæдæй фæстæмæ Дигори зæрæндтæ Ку райдæдтонцæ Цæрайи цæрæнбон ниуазун. Гъей, Дæбæлати хуарз Цæрай, Берæ фæццæрай!
Радзырдта йæ Цъæрикъаты Хъæрæсе, 10 апрель, 1928 аз, Цыкола. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф.. 21–22.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |