Цæрай нигъгъæртæ ласуй, – Уæй, хæрессаг гал ба Арси каст кæнуй, Мæ сау фæтæн хъæма ба Баделати Хадзимусси сау уæцъæф Наси карст кæнуй. Хæрессаг ласæг уæрдæхти буни, Æз никкодтон и гиаур Хадзимусси Аци бони мæ къæхти буни. Уартæ и Уорсдони зурæбæл И берæгътæ ниннеунцæ. Цæрай радзоруй: – Дæлæ баделати куйтæ Сæ саги марди хæтдзæ фæлледзунцæ. Цæрай нигъгъæртæ кодта: – Махчески фабрики хецау садойнаг æй, Уæй, баделати æфсинттæ, Тæрсгæ ма кæнетæ, Уæ цæнхи куст уин Нæ фæдздзæгъæл кодтон; Æз уин рарвистон Хадзимусси бор фиутæ сапойнагæн. Суд Цæрайи бафæрсуй: – Цæмæн рамардтай Хадзимусси? – Уæд ин йе дзуапп ку раттуй: – Фиййауи къоппа тæгæр къоппа, Хадзимуссæ дæр æгæр кодта.
*Хæмыцатæ æмæ Дæбæлатæ сты иу мыггаг.
Фыст æрцыд 1938 азы. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 106, папкæ 13, ф. 46.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |