Æй, талайæ, дам тулдзджын, цæджындз куы у, лæппутæ, Талайæ тулдзджын, зæгъы, Æй, æхсæвыгон, дам, хъамайæ туг исын цæй зын у, лæппутæ. Хъамайæ туг исын цæй зын у.
Æй, горæты сæрмæ, дам, деланкæтæ куы уыдаид. Æй, Къарджиаты фаззæттæ бадзурынц: – Æй тæхуды, хæсты сахат нæм берданкæтæ куы уыдаид.
Æй, Лæцы кæмттæ 'мæ, дам, Хилачъы сау хæхтæ, Мах, дам, баззайын кæндзыстæм, Æй, ацы давджытæй лæджы мæрдтæ 'мæ идадзы сау бæхтæ, гъе! Æй, фæрвы сæр, дам, дыууæ сау бæлоны Хъæдуртæ уæд хæргæ, Æй, æрбацæуынц, дам, дæлæ хæрдысæр дыууæ сау уæрдоны, Цæлхдуртæ æвæргæ, Æй, стыр комы хур, дам, сын, Къæрæбимæ зилгæ. Уартæ рацæуынц, куы загътой, уартæ Къарджиаты дыууæ файнусты сæ сау уæрдæтты размæ, Æй, сæ сау уæрдæтты размæ сæ сывæллæтты разæй кæрæдзимæ ниугæ. Æй, Къарджиаты кæрты куы 'рлæууыдысты дыууæ сау уæрдоны. Сæ мад Дæда сæм куы рацæуы: – Æй, æгас, дам, мæм фæцæуат, мæ фæллад бæлццæттæ! Æй, Æхсабитæ де тауæдз сау цырт. Къарджиаты фаззæттæ бадзурынц: – Цæй, гъеныр, дам, нæ сабитæ Де 'уазæг, Саукуыдз, гъо!
Радзырдта йæ Томайты Мысырби, 70-аздзыд, 28 июнь, 1974 аз, Къора. Ныффыстой йæ Дзуццаты Ритæ æмæ Бызыккаты Тамарæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |