Ой, тох æмæ тохы бон æрцыдис, Майрæмыхъуаты Дзабо, Ой, уæдæ, ой, уæрæйдæ 'мæ ой! Тох æрцыди уартæ Цæлыччы быдыры, ой! Ой, ой æмæ ой, мæ иунæг æрдхорд, кæцæй мын фæзынай, Ой æмæ, мæ хæсты заман, Дзестелты Зауыр?! Вагзалы фæндагыл нартхæрттæ æмæ æхсынæнтæ ныккодтой, Уыдон сæ адзалы фæндаджы æрдхæрдтæ æмæ æфсымæртæ ысккодтой. Хъионы нарджытæ, Æнхъæлдæн, лæппутæ, æрбацæуынц уæм иубоны барджытæ. Дæргъæвсы ком та сын даргъ цæндты кæронæй. Æмæ, зæгъы, Дзестелты Зауыр бадзуры: – Тæрсгæ ма кæн, Дзабо, мæ бар сæ уадз нартхæртты кæронæй. Мæздæгæй сын арфæтæ ныккодтой: – Мæ уарзон æмгæрттæ мын мæ бирæ хъæдгæмтты Бæмбæгæй комрæзтæ ныккодтой. Елхоты, зæгъы, нарджытæ, – Æз ма куы фехъуыстаин мæ удæгасæй мæ хоты хъарджытæ. Хъионы къудзитæ, – Гъæйтт, мардзæ, ныр дæхи бафснай, Фæлæ мæн хъæуы иу лæджы тухитæ.
Радзырдтой йæ Мырзаганты Уане æмæ Мырзаганты Сахъмæн. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт, 1938 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф.10.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |