Хосдзауæн йæ цæсты раз йæ дарæг ныккæрдæм. Гъæйтт-мардзæ, Къостайæн йæ цырты раз йæ зарæг ныккæнæм! Нары цъититæн сæ зæйтæ – се 'мбисæй, Хох сыл фехæлд æви нæ? Тугцъиртæн сæ зæрдæ се 'вдисæн, хорз сын фестæм æви нæ! Фиййаджы дон нын хох сауæзта, Къоста нын сæрибарыл тох сарæзта. Арвыкомæй Гуырдзыстонмæ Къоста кусæг адæмы ракодта йæхи стъолмæ. Агъуыст аразгæйæ стъарапилмæ фæкæсынц, Гъæйтт, уæууæй! Сæрæй та нын Къостайы Стъараполмæ фæхæссынц! Дыууæ уафсхоры дзабырваг нал сысты, Денджызы хъаз, дам, йæ цады бадæг, Къостайыл мæгуыр адæм ныккодтой йæ кады зарæг. Къостайы цухъхъа – цъæх фæсмынæй. Ой, нæ хæхбæстаг! Кусæг адæм нал ысты цæгъдинаг тугцъиртæн фæрсылæй, Нал у уый рæстæг! Тох дын ныккæнæм, Къоста, Рох дæ нæ кæнæм, Къоста!
Радзырдта йæ Гуыриаты Вано, 1940 аз. Ныффыста йæ Къадзты Нинæ. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 265.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |