Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дигори зæронд зар

Дигори зæронд зар


24 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Дигорæ авд сабати авд æмбурди кодтонцæ Мæцутæмæ;
Се 'мбурд адтæй унафти туххæй:
Бафони æфцæгбæл æфцæггæс ниввæрæн, нæхе гъæуай кæнуни туххæй.
Тæрсæн кæсæги Биаслантæй.
Фурæскъæттаг Дигор Хъабан нигъгъæр кодта
«Сумахæн æфцæггæс ка бацæуа,
Уæхæн лæг мæммæ æрцудæй иуазæг,
Мазайраг, æ ном Бадели».
Уобæл задæлескон Текъойти Лало загъта:
«Цæугутæ уодзæнæй,
Фал нин цæбæл ниллæудзæнæй, уой нин зæгъæ».
«Ракордзæнæй, – зæгъгæ, – хæдзарæй далис Дигорæй».
Текъойти Лало ин загъта:
«Мах хæдзарæн далис нæ бафеддзинан,
Фал ин бафеддзинан хæдзарæн-гудун афæдзи-афæймæ».
Уобæл исарази æй Бадели Дигорæн.
Дигорæмæ еунæг рауæнбæл адтæй æрбацæуæн, Бафои æфцæгбæл.
Йеци рауæн Бадели бакуста Дигорæн æфцæггæсæй хæдзарæн-гудунбæл афæдзи-афæймæ.
Афæй ку фæцæй, уæд Дигорæбæл истонг анз искодта,
Æма Бадели æ хæдзарæн-гудун хæдзарæн-далисæй раййивта.
Йеци бонæй фæстæмæ Бадели Дигори астæу цæргæ байзадæй,
Уæд Баделиæн æртæ лæхъуæни райгурдæй:
Хъубади 'ма Туйгъан æма Абисал.
Дигорæмæ Уæрæсеæй киунугæ иссудæй:
«Йеу æртæ битдзеуи нæмæ раттетæ,
Не 'взагæй куд исахуронцæ, уотæ».
Уомæй æнахургонд адæм тарстæнцæ,
Алкедæр æ битдзеуи фесæфун æнгъалдта.
Уæд Бадели загъта:
«Æз ратдзæнæн Дигори сæрбæл ме 'ртæ битдзеуи».
Ма Бадели ракурдта Дигорæй,
Æ битдзеути Дигори сæрбæл ке «фесафта», уой туххæй фæткæ:
Басилти – хай,
Коууадзæни дæр – хай,
Хист кæнгæй дæр, кизгæ æрветгæй дæр хай.
Уæд Баделиæн æ фурттæ Уæрæсей иссудæнцæ ахургондтæй
Дигори æнахургонд адæми астæумæ
'Ма син тухæ кæнун байдæдтонцæ.

Радзырдта йæ Дзæукъаты Дæрæхмæты фырт Цицеу, февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 82, ф. 333–334.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru