Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Фæснæли сæри арви дуар ку байгон æй, уæд, гъе, уой зар

Фæснæли сæри арви дуар ку байгон æй, уæд, гъе, уой зар


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Арви дуар ку байгон æй, уæд Донифарси Хъанухъти устур къубус æ бунтæй ниррезуй.
Хъанухъти устур Есе сугъзæринæ урундухъæй тъупгæнгæ рахаудтæй:
Байзудта: «Ахсæви игурд райгурдæй,
'Ма 'й Хуцау мах Донифарси фæккæнæд». – Дууæ лæги рарвиста,
'Ма Донифарси æртæ гъæуеми æрхаттæнцæ,
'Ма дзи некæми неци рантæстæй.
«Хуцаути мæхе Хуцау, уæддæр æй баделион игурд ма фæккæнæ»,
Баделион игурд уогæй æй, Хуцау, Хъубадтæ, Абисалтæй æй ма фæккæнæ,
Хъубадтæ æнцæ фæлмæн æвзаг æма синдзæ зæрдæ,
Абисалтæ дæр лигъзгом, фал искъели науæрттæ ба уадзунцæ;
Хуцау æй фæккæнæд уæддæр Туйгъантæй,
Туйгъантæ æнцæ нæл фуси уавæрæн»
Гъе нур ба сæумæ гъæуай кæнунмæ рарвиста Есе,
Сугъд искъæтти тегъæй гъæуай кæнунцæ æ гъæуайгæнгутæ.
Нари согдзаутæ рацæунцæ заргæ.
Басæфæрсунцæ:
«Цæбæл заретæ, цæбæл цинæ кæнетæ?»
«Хъубадти Тазейæн æ фæсмæрдæ лæхъуæн райгурдæй, ма ибæл ном и сæвардтонцæ Тазей фурт Тазæрет».
Хъанухъти Есе загъта:
«Кæмæй фæттарстæн, йе мæбæл æрцудæй,
Нур ба 'й енцег хæссун гъæуй,
Дзедзе ин бадарун гъæуй».
«Йенцег хæссæг ку нæ фæууæн, уæд е мæн цæрун нæбал ниууадздзæнæй».
Раимææрвиста енцег хæсгутæ:
«Игурд райгурдæй, Хъубадтæ, сумахмæ.
'Ма 'й Есе коруй енцег исхæссунмæ æхемæ».
Йетæ ба сæ рафæливтонцæ: сæ косæг уосæн дæр лæхъуæн райгурдæй,
'Ма сæмæ уой равардтонцæ.
Уомæн дзедзе бадардтонцæ Хъанухътæ,
Уонæй уотæ, кæд дзедзе бадардтан Тазæретæн,
Йетæ ба 'й кæд уингæ дæр нæ фæккодтонцæ.
Уалдæнги Тазæрет багъомбæл æй,
Есейæн тухæ кæнун байдæдта;
Есе имæ минæвæрттæ æрвиста:
«Æхсир бор нæ астæу ку æй,
Уæд мин мæ зæронд мæ цæстæмæ цæмæн дарис».
Тазæрет ин загъта:
«Æгириддæр дæуæй мæн астæу æхсир бор нæййес.
Цидæр дин бакæнон, тæрегъæд дæр мин нæ 'й, ходуйнаг дæр мин нæ 'й.
Нæ фиддæлттæ ди сæ зæрдæбæл берæ уазалдзинæдтæ дарунцæ.
Ду исхастай йенцег нæ косæг уоси фурти.
Æнгъæлдтай абони уалдæнги, кæд Тазæрети исхастай енцег,
Фал исхастай нæ косæг уоси фурти,
'Ма дин уой зонун кæнун абони».
Нур ба Тазе ку мардæй, уæд Тазæрет губуни байзадæй;
Ниффæдзахста: «Уæхæн игурд мæ фæсте райгурæд,
Хъанухъти Есей æфсæйнаг колдуарæй
Æ бæхæн цуппар цæфхати ка искæна».
Есейæн æ зæронд æрæййæфта,
Тазæрет ба æ тæккæ дзамани,
'Ма ин йе 'фсæйнаг колдуар рафтудта, æ бæхæн си цуппар цæфхати искодта.
Тазе æй Фæснæли, дууæ дони уобайи ивард;
Тазæрет æ цъæх саулохбæл гъазгæ æрбацудæй уордæмæ,
Æ фиди уобайи дуар бахуаста æхсæй:
«Дæ фæсте игурд райгурдæй.
'Ма дин дæ уосиат исæнхæст кодтон,
Кæд ести мæститæ дæ губуни бахастай Хъанухъи-фуртæй,
Уæд мæрдти надæй дæ маст исцæуæд».
Йеци загъдмæ мард æртæ хатти раргъувта æхе,
Уойбæрцæбæл знаг адтæй Дигори сæрбæл
Хъанухъти устур Есе баделиатæн.
Æ лæг-афони имæ некæд бандиудтонцæ,
Æ зæронди ба 'й бафхуардтонцæ.
Æвæстаг лæг адтæй, мæстæй рамардæй Есе.

Радзырдта йæ Тобойты Дзæрæхмæты фырт Цицеу, 213 февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 322–324.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru