Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъанухъти устур Есе æма Хъубадти Тазæрети зар (вариант)

Хъанухъти устур Есе æма Хъубадти Тазæрети зар (вариант)


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Хъубадти Тазей уосæ æвгъæди бадтæй,
Æмбесæхсæви ба ин лæхъуæн райгурдæй,
Фæснæли сæри ба уомæ арви дуар баигонæй,
Уæхъæци сæри ба сау хонхтæ
Хорау ниххудтæнцæ,
Донифарси уорс хæнхтæ ба кизгау никкудтæнцæ,
Хъанухъти Гагоон къубус ба æ бунтæй нирризтæй,
Хъанухъти устур Есе ба æ урундухъæй рахаудтæй,
Уомæн æ хъумайаг уосæн ба адтæй лæхъуæн,
Тæлион Тулабег.
Райуæлæ кодта, ма никкувта Хуцаумæ:
«А Хуцау, игурд райгурдæй, ма 'й Гагуатæй фæккæнæ.
Уонæй ку нæ уа,
Уæдта 'й Донифарси бæстæй фæккæнæ.
Ка 'й зонуй, уонæй ку нæ уа,
Уæдта 'й Дигори бæсти мæгур адæмæй фæккæнæ,
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й уæллаг кæронæй Къуссуй Таймазтæй фæккæнæ,
Йетæ хæсгæ галау уæзбун æнцæ,
Сæ бадгæ бæзтæй лæгæн уæлæмæ не 'стунцæ,
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й Хуцау Хъантемуртæй разиннун кæнæд,
Йетæ мæгурбон æнцæ 'ма сæ, гъе, уой туххæй æгадæ кодтонцæ.
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й, Хуцау, Хъарабугъатæй фæккæнæ,
Йетæ, сæ номмæ гæсгæ, хъæрæбугъæнцæ.
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й Абисалтæй фæккæнæ,
Абисалтæ ба тæбæгъи фæдбæл цæуагæ æнцæ;
Уонæй дæр ку нæ уа,
Уæдта 'й Туйгъантæй фæккæнæ,
Йетæ æнцæ синдзин цъух æма бæмпæг зæрдæ,
Хъубадтæй ма 'й ма разиннун кæнæ,
Йетæ фæлмæн цъух æма синдзин зæрдæ æнцæ».
Тæлион Тулабеги рарвиста Донифарсмæ,
'Ма 'ибæл рахаттæй, 'ма хабар æрхаста, некæми неци райгурдæй, зæгъгæ.
Ку æрбонæй, уæдта 'й Дигорæмæ рарвиста,
Йеци игурд ци адтæй, уой бæрæг исхæссæ, зæгъгæ.
'Ма æрцудæй Мæцутæмæ.
'Ма уоми уæллæй заргæ рацудæй гъæддзаутæ,
Басæхизта 'ма сæ бафарста:
«Ций-йа, цæбæл заретæ?»
Йетæ ба ин загътонцæ: «Хъубадти Тазейæн æ фæсмæрдæ
Лæхъуæн райгурдæй.
'Ма 'й абони майрæнбон, иннæ майрæнбони,
Нарæмæ Никголти Налухъ йенцег хæсдзæнæй,
'Ма мах дæр йенцег хæсгутæй уодзинан,
'Ма нин уоми æстæмæй-астмæ минасæ уодзæнæй,
'Ма, гъе, уобæл цинæ кæнæн».
Тæлион Тулабег уордигæй фæстæмæ раздахтæй
'Ма устур Есеæн фегъосун кодта,
Игурд ке игурд адтæй, уой,
'Ма устур Есе æ хæдзарæмæ æ лæдзæгæй æ сæр хуайгæ бацудæй:
«А уæууæй-йе, цæмæй тарстæн, йе мæбæл ку 'рцудæй».
Йеци майрæнбонæй иннæ майрæнбонмæ 'й дзæбæх исхаста
Тæлион Тулабеги, уæдта ин загъта:
«Фæццо енцег хæсгути размæ,
'Ма син æй раскъæфæ,
Цæмæй не 'хсир æ губуни раздæр рацæуа, уой».
Æрсæмæцудæй сæ размæ, 'ма сæ бафарста:
«Рахастайтæ йенцег?», зæгъгæ,
«У-уæ», зæгъгæ, ин загътонцæ.
«Мадта 'й æрдарайтæ, зæгъгæ, син загъта, –
Æз дæр æй еу минкъи рахæссон». 'Ма имæ 'й равардтонцæ,
Раибæл цийнæ кодта,
Уæдта син æй раскъафта,
'Ма 'й нæбал баййафтонцæ.
Фæйхаста, 'ма ин се 'хсир æ губуни ниддухтонцæ,
'Ма 'й ислæг кодтонцæ.
Гъеуæддæр Тазæрет æ фиди уосиат исæнхæст кодта:
Хъанухъти устур Есей æфсæндуарæй цуппар цæфхатхуари рафтудта,
'Ма си æ фиди бæхæн цуппар цæфхати искæнун кодта.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 59-аздзыд, 3 август, 1927 аз, Уæхъæц. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф.160–162.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru