Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъантемури фурт хуарз Хъарадзауи зар (вариант)
Хъантемури фурт хуарз Хъарадзауи зар (вариант)25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck |
(вариант) Коми сæрæй и уорс цæргæс ратахтæй, Гурдзистонмæ фæттахтæй, Уони-Калаки ниббадтæй, Йейæ ка уодзæнæй, Хъантемурти и хуарз Хъарадзау ку уодзæнæй, Уомæн æ фиццаг цæф и тугури, Сæхе бæхтæ ба аласатæ. Тæходуйтæ, Мæнæн мæ даргъ кард мæ цубур цонгæн цонгæнхасæн, Уотемæй сæ ку ссердтаинæ Запарати, Къерогенти, Мухурани и лигъз будури, Уæд сæ сæ керотæй раластайнæ, Гъенур ба рачи, рачи рачумели, Æнхуæц рачи Хъарадзауæн сачумели. Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, Уæхъæц, 10 август, 1927 аз. Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 194. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |