Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъырымсаухалты Куыцыкк (вариант)

Хъырымсаухалты Куыцыкк (вариант)


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Уой,Куыцыкк, ды кæмæн уыдтæ, æмæ ды кæмæн нал дæ,
Гъей, гъей, загъта, хорз Куыцыкк.
Гъей, æмæ джауыр Хъабылар куы бабалц кæнынц
Тых хъуыддаджы тыххæй, ой.
Йæ хæрæфыртæн, зæгъы, ус ракуырдта,
Æмæ йын æй нал лæвæрдтой,
Æмæ сæм, зæгъы, лæгæй-лæгмæ сæ ламазафон куы бацæуы.
Стыр хатыр сæ куы агуырдта йæхицæн йæ сабыр зондæй,
Хъуыддаг агурынмæ.
Æнæхъæн хъуыддаджы ма фæстаг кæрон лæууыдис тохы заманыл.
Æмæ дзы куы рамары дыууадæсы,
Æмæ йæхæдæг дæр фæмард вæййы уым.
Ныр, зæгъ, Ханты Ханийы рæсугъд уыди Куыцыччы бинойнаг.
Йæ мидфынæймæ куы бамбæрста.
Куыцыччы саулох куы раирвæзти
Æмæ кæрты къуымты куы ныззылди,
Æмæ дыууæ хатты куы ныууасыди,
Уæд Ханийы рæсугъд куы фæтæррæтт кæны:
– Мæ къона куыд байхæлди,
Куы æрхæццæ ис кæцæйдæр нæ бæх æнæ барæгæй! –
Æмæ Куыцыччы мадмæ куы дзуры ныр:
– Баззадыстæм æнæдарæгæй.
Æмæ, зæгъ, Ханты Хани куы ныккæуы,
Уæу, ныр, зæгъ, цы кæндзыстæм, уæдæ,
Æрцæуынæнхъæл дуар гомæй куы баззад,
Æрхуыссынæнхъæл æнæмбæрзтæй куы баззадтæн.
Уæу, æлдæртты æлдар уæ, хорз Куыцыкк,
Дæ сау хъæды фæндæгтæ сау сындзæй куы бахгæдтой,
Дæ рæсугъд уазæгдон цæстгæйттæй куы æрхаудта.
Нана куы бадзуры: «Дæу мысгæйæ ма бирæ куы фæцæрон,
Зæрыхъойы рагъ – дæ бæх хизæнтæ,
Зæрыхъойы дæттæ, зæгъ, дæ бæх найæнтæ.
Уæу, уой, дæ фæстæ ма, зæгъ, бирæ куы фæцæрон,
Фæлтау нæхæдæг дæ фæстæ тагъддæр бацæуæм».

Радзырдта йæ Мырзаганты Уане. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф.4.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru