Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Биний зар

Биний зар


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
Æзнаги дзаман адтæй, æзнаги дзаман.
Æзнаг ба ка адтæнцæ? Баделатæ.
Уонæн сæ нихмæ лæууæг ба ка адтæй?
Хъазибегти Бини адтæй.
Авд анзей хъалон ку агурдтонцæ Баделатæ
Хъазибегти Бини уой æ сæрмæ ку не 'рхаста.
Сæ нихмæ тохунтæ ку самадта.
Баделатæ сæ бæхтæ ку ниууагътонцæ,
Æнæ бæхтæй ку фæлледзæги 'нцæ.
Бини сæ ку æхста хонхи сæрæй.
И фæстугъд Хъазибегти Бини
Ку схизтæй Хъæреуи хонхмæ
Уордæгæй ку нигъгъæр кодта йе 'нсувæртæмæ:
– Гъейт, ме 'нсувæртæ, ци фæцайтæ!
Фæззинетæ, ку бæллун уин уæ уиндæмæ!
Хъæреуи хонхæй æ мади 'рвадæлтæмæ
Ку 'рцудæй æма ку загъта:
– Гъе-мардзæ, æдта, куд неке зиннуй,
Арæби æдта ци бакиндæуа?
Цæмæннæ мин зæгъетæ ме 'нсувæрти бæрæг.
– Кæд дæмæ уодзæнæй уой бæрцæ хъаурæ,
Уæд дæ еу æнсувæр Мæхæмæт
Ассийæй Абайтæй Хъургъохъмæ, мæ хор.
Авд анзей хуаллаг ку банбурд кæнуй,
Уотемæй Ассимæ ку рараст кæнуй.
Ассий ку ссеруй Абайти Хъургъохъи,
Ку ссеруй уæтæрти йе 'нсувæри дæр
Донхæссæг æма куйтæн цæл гæнæгæй,
Фур цийнæй и 'нсувæртæ ку никкæунцæ.
Абайти Хъургъохъ син ку 'ртæрегъæд кодта
Æма сæ дууей дæр ку бафарста.
Æ фарстæн ин Бини ку разагъта:
– Æз ме 'нсувæри йервæзун ку кæндзæнæн!
Уæд Хъургъохъ ку разагъта:
– Махæн, Бини, тохун нæ бон нæй.
Мах дин де 'нсувæри кади хæтдзæ
Ку рарветдзинан раст дæ хæтдзæ.
Бæх ин ку равардтонцæ,
Уотемæй сæ ку рарвистонцæ.
Донифарси Кобегкатæбæл
Ку 'рбацудæнцæ.
Сæ фусун уоми ку æркодтонцæ,
– Уо, иуазгутæ, Хуцауи иуазгутæ,
Ци 'рдигæйй фæцайтæ, ци хабæрттæ йес.
– И хуæнхти зелæн, – исдзуапп кодтонцæ, –
Фалæ нин Устур Дигори устур фæзи размæ
Над ка бамондзæнæй Таймасти Мæрзахъулмæ.
Æ мади æнсувæри хæтдзæ
Хъалнæхътæмæ ку ниффардæг унцæ,
Уоми ку 'рæнцайунцæ.

Радзырдта йæ Хъазыбегты Биссал, 1931 аз, Чырыстонхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 43–44.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru