Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Туйгъанти Тæтæрхъани зар

Туйгъанти Тæтæрхъани зар


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
– Фæдес, фæдес, Туйгъантæ!
Дæлæ уин Худзухи билтæбæл
Уæ бæхæргъау фæттардæуй, гургургæнгæ.
Фæдеси бони Туйгъанти лæхъуæнтæ хустæнцæ
Се уазæгдæнтти хур-хургæнгæ.
Бæхæргъауи хæтдзæ фæттæрунцæ æдкъæлæу бæх.
Тæтæрхъан нигъгъæр кодта:
– Аци бон мæ ме 'рвадтæлти бæсти
Ку адтайдæ мæ хъæрæу бæх!
Туйгъантæмæ ку фæууодзæнæй
Сунтфæдесон, халонгъæргæнæг:
– Уæ сугъзæринæ бæласæ рахъан æй
Дæлæ Худзухи билæбæл æд талатæ!
Къулдуни рагъбæл фæццæуй берæгъбал, фиййаугуйтæ.
Дур-Дури истурдзух лæхъуæнтæ
Фæдеси бони нихъхъан унцæ
Сæ хæдзæртти фæсте и аууæнтти инайгутау.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 14 февраль, 1926 аз, Дзæуджыхъæу.Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папкæ 13, ф.81.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru