Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Ботасы зарæг (вариант)

Ботасы зарæг (вариант)


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Уалдзæджы фыййау, дам, зæйуатыл фæхызта,
Зæйуатыл фæхызта.
Гъай, мæгуыр, дам, Ботас.
Хæдзарæгаты, дам, хорз Къæлæу кæй хуыдтой,
Хорз Къæлæу кæй хуыдтой,
Уый Ботасы тасæй йæ уаты фæмызта.
Йæ уаты фæмызта.
Уæй, мæгуыр, дам, гъæй, мæгуырæг Ботас.
Уæд, дам-иу, Хилачъы дон, загъта, Гæбуты 'рдыгæй,
Гæбуты 'рдыгæй,
Æмæ йæ кæнгæ æфсымæр рамардта къæбуты 'рдыгæй,
Гъе, уæууæй, къæбуты рдыгæй.
Ныр,дам, дæ мæнгард Гæбæ,
Дæ кæнгæ æфсымæр æууæнкæй, дам, куы рамардта,
Гъо, Ботас, къæбуты 'рдыгæй, зæгъы.
Бырхиу фыййау, дам, айхъусут-ма йæм,
Кæд, дам, уый кæны йæ ривæды зарджытæ,
Ныр, дам, ма байхъусут,
Мæ хорз æмгæрттæ, мæ хоты хъарджытæм:
Уыдон мыл кæнынц,
Хабæты уæлмæрды тæригъæды хъарджытæ,
Тæригъæды хъарджытæ.

Радзырдта йæ Дауыраты Къæлæуы фырт Хуысинæ, 100-аздзыд, 28 июль, 1959 аз, Ламардон. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №250, папкæ 117, ф.33–34.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru