Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Туркмæ цæуджыты зарæг
Туркмæ цæуджыты зарæг5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck |
Бадилатæ æмæ Тæгиатæ – тугцъир уæздæттæ, уыдон, дам, нын Нæ мæгуыр цард нæ мæгуыр зæххыл куы нæ уадзынц. Уæлæ, дам, мын хъæддзау хъæдмæ араст и, Туркæгтæн æмæ фæндаггæгтæн, Ой, ныр нæ кæнынц Туркмæ цæрынмæ, Фæлæ нын кæм и фæндаггæгтæ? Паддзахы къазарма, дам, мын тулдзæй агъуыст, Ныр цæуæм фæсивæд, Фæлæ нæ мæгуыр фæндаг – тугæй ахуырст. Тулдзы зæнг – фадхъулмæ, Сырх мæнæргъы тонынмæ ныр цæуæм, цæуæм, лæппутæ, Турчы зæхх Стъамбулмæ сырх мæнæу хæрынмæ. Гъе, кæннæуæдæ Муссæйы хъæбул амæла, Мах нæ фыды зæххæй чи фæхицæн кодта. Радзырдта йæ Плиты Асиат Сачинойы чызг, 78-аздзыд, 1983 аз. Ныффыста йæ Дзиойты Зæлинæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |