Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Теместы Джеоры зарæг
Теместы Джеоры зарæг5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck |
Гъей, æмæ тох æрцыдис! Гагуыдзы дуармæ кæсаджы гæнæхтæ, Æз, дам, ацы гауыртæн фæкæнон фæстаджы гæрæхтæ, Сæ дæллаг зæхх – Тæгæрдонæй, Æз нæ ауадздзынæн мæ фæллад бæх æд уæрдонæй. Æрцыди хæсты тох, хъæбатыр Джеор. Дзабратæн – Гидолæйы кæсгон. Æз нæ фегад кæндзынæн Мæ зæронд фыд Бимболаты цæсгом. Хъæддзау – кæрзытæ кæнынмæ, Нал фæцæудзынæн Къорайы къуыбырмæ Кæрдзынты хæрынмæ. Ацы азы уалдзæг – Бабеттæйы уалдзæг, Ме 'нахъом саби – Сафеткæйы уазæг. Уой тох, хъæбатыр Джеор. Радзырдта йæ Мырзаганты Уане Хъамболаты фырт, 85-аздзыд, 27 январь, 1969 аз, Хидыхъус. Ныффыста йæ Мырзаганты Светланæ. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |