Гъæздуг хæдзарæ адтæй Алæгатæ, зæгъгæ, 'ма Нарт уонæмæ æмбурд адтæнцæ. Баниуазтонцæ, уæдта æндæмæ рацудæнцæ 'ма дзубанди кодтонцæ лæхъуæнтæ: – Исон фонс кæнунмæ цæудзинан, – зæгъгæ. Субæлцийæн æ фидæ Уæрхæг хундтæй, лæхъуæнти æхсæн цудæй 'ма æ зæрдæй загъта: – Сумах неци фæццæудзинайтæ, фал исон ка фæццæуа, йе бæрæг уодзæнæй. 'Ма сæумæ тотуригурд дууæ гали сефтигъта, сæргун уæрдун скодта, къæвда дæр ин куд неци рахилæ кодтайдæ, уотæ, 'ма ранæхстæрæй. Цæун байдæдта, уæдта йибæл фитдзаг уадæ уæхæн æрцудæй, 'ма æ сæрæн нæбал адтæй; уæдта 'йибæл уади фæсте ба æврагъ æрцудæй, уæддæр заманай галтæ размæ цæунцæ. Уæдта йибæл къæйтæ кæлун байдæдта. Йе дæр нигъгъос æй; уæдта йибæл хор никкастæй. Æ уæрдунæй кæсуй 'ма цуппар бæхгини будури фæййидта. Бæхгинтæ уой æрдæмæ, йе уони 'рдæмæ, уотемæй кæрæдземæ æрхъæрттæнцæ. Йетæ ба Цоппари æртæ фурти, хатиаг æндургин сæ хæтдзæ кæстæрæн. Кæрæдземæн радзубанди кодтонцæ, уæдта: – Уæрхæг ку дæ, 'ма ни хъалон ку дарис, – фæстæмæ раздæхæ! 'Ма фæстæмæ раздахтæй; сæумæмæ йин æнгъуд скодтонцæ, Субæлци сæмæ куд рацæуа, уой. Фæстæмæ ку сиздахтæй, уæд Субæлцийæн неци загъта. Субæлци ку некæми зиндтæй, уæдта Нарти гъæумæ иссудæнцæ 'ма сувæллæнтти цæгъдун байдæдтонцæ. Рацагътонцæ йеу æртинсæй, уæдта Уæрхæги нихаси бадгæ ссердтонцæ 'ма 'й ракъуæрдтонцæ: – Дæ дзурд цæмæн не 'синхæст кодтай, – зæгъгæ, – дæ фурт Субæлци ами ку адтайдæ, уæд кæрæдзей хъарæ бавзурстайанæ. Изæрæй Субæлци æрхъæрттæй, хæтуни адтæй. Алли хæдзарæй дæр кæун цудæй 'ма фæрсуй: – Ци кодтайтæ, ци? 'Ма йин загътонцæ: – Цоппари æртæ фурти ами адтæнцæ 'ма нин нæ сувæллæнттæ ниццагътонцæ, хъалон ни даретæ, зæгъгæ; Субæлци ами ку адтайдæ, уæд кæрæдзей хъаурæ бавзурстайанæ, зæгъгæ. Йе дæр æхсæвæ нæбал ниххустæй. Бæх сефтигъта, сæ фæсте рандæй 'ма сæ сæумæ сехуар афони ба будури ссердта. Тугъд самадтонцæ. Субæлцийæн æ уосæ уæларвон кизгæ адтæй 'ма йимæ Елиай конд æртæ фати адтæй. Кæрæдзей æхстонцæ – йетæ æртемæй, Субæлци ба йеунæгæй. Уæдта: – Ци 'й а, аци фæттæй ци ма кæндзæнæн? – зæгъгæ, сæ Йелиай конд æртæ фатемæй фехста 'ма сæ рамардта. – Ци дессаг æй, – зæгъгæ, загъта хатиаг æндургин, – айсонгкæй ку фæттухтан, фал си уæхæн фæттæ ку нæ фæййидтон. 'Ма си йеуей систа, Субæлцибæл æй фехста 'ма Субæлци рамардæй. Баизадæй, мард к' адтæй, йе уоми. Хатиаг æндургин Цоппари фуртти фæлласун кодта. Субæлций аласа к' адтæй, йе йибæл нур зелæн кæнуй, неке йимæ уадзуй. Мæрдтæмæ бахабарæй, Субæлций гъудгæнæг нæбал йес, зæгъгæ. Мæрдтæй йимæ рацудæнцæ 'ма 'й аласабæл сивардтонцæ, е ба 'й сæ хæдзарæмæ фæххаста. Гъе, уотемæй рацох æй Субæлци.
Радзырдта йæ Текъойты Хъуыбады, 29 июнь, 1910 аз, Задæлескæ. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 3 «а», ф.69–70.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |