поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сафайы хъан Хъырымсолтан
Автор: 00mN1ck / 19 сентября 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Уæларв Сафа æрхуыдта Уастырджийы, Уациллайы; хоны Ногбоны, хоны Тутыры. Æрхуыдта сæ. Сафайы хæдзары минас кæнынц.
    Уастырджи загъта:
    – Дæ минас хорз бæргæ у, Сафа, фæлæ дунейыл зæххæй æфсæдты хъæр хъуысы, æмæ хъазты хъæр, цины хъазт,æмæ кæй хæрын, уый дæр мын ад нæ кæны: кæд искуы зæххон адæмæй искæуыл тых ис?
    Сафайы фырт – Тепсыхъо, хуры фырт – Мæцыхъо, Сафа сæм дзуры:
    – Ауайут, мæ хуртæ, Уасхойы бæрзондæй афæлгæсут. Искуы куы уа тых, уæд – Нарты хъæуыл.
    Уастырджи йæ дынджыр кæсæнцæстытæ фелвæста.
    – Гъа, мæ хуртæ! Уасхойы бæрзондмæ куы бахæццæ уат, уæд-иу адонæй афæлгæсут: зæххыл къуыппæй, дзыхъхъæй – уæ тæккæ раз уыдзысты.
    Ацыдысты дыууæ цæрдæг лæппуйы, фæлгæсынц Уасхойы бæрзондæй, кæсынц Нарты хъæумæ. Диссаг, – æфсæдтæ сæ алы фарс бадынц æмæ хæцынц, сæ уæлхæдзар та диссаджы хъазт. Æфсæдты хæст дæр не 'нцайы, æмбисонд та сæ хъазт у, – цырынæй-цырындæр кæны. Хъазты æхсæн иу чызг ис, мæйтæ æмæ хуртæ йæ мидæг. Дыууæ лæппуйы йæм кæсынæй не 'фсæдынц. Иу дæр кæсæнцæстытæ аскъæфы йæхимæ, æй-джиди, уый уындæй куы бафсæдин, зæгъгæ; иннæ дæр сæ аскъæфы, æз дæр æм мæ фаг нæма акастæн, зæгъгæ.
    Дыууæ лæппуйы куы æрбацыдысты Сафайы хæдзармæ, уæд Сафа дзуры:
    – Гуыбынниз уæ бахæра, мæ уазджытæн сæ хæрд æнад фæци, абондæргъы кæм бадут? Зæххыл цы хабæрттæ и?
    – Диссаг, Нарты хъæуы иу хæст ис, æмæ уымæй диссагдæр зæххыл ницы и, абондæргъы æнæнцайгæйæ хæцынц. Уымæй æмбисонддæр сæ уæлхæдзары хъазт. Уым иу чызг ис æмæ дзы мæйтæ æмæ хуртæ кæсы. Уымæ кæсгæйæ ныффæстиат стæм: нæ дзы æфсæстыстæм йæ уындæй.
    Уырызмæджы фырт Хъырымсолтан Сафамæ хъаны уыди. Уым сын уыди уырдыглæууæг Сафайы уазджытæн. Уыцы койтæм йæ нуазæн йæ къухтæй æрхауди. Сафа йæм фæсæррæтт ласы:
    – Мæ урс æхсырæй ма дæ цæмæн фæхастон! – йе 'хсæрфарс ын ныццæлхъ ласы: – Дæ фыдæлтæ хæсты койæ куынæ тарстысты, уæд дæуæн дæ нуазæн дæ къухæй куыд ахаудта?
    – Æз хæсты койæ бæргæ нæ тæрсын, фæлæ мæнæ адон уыцы рæсугъд кæй хонынц, уый нæ чындз, хуры чызг у, Созырыхъойы ус. Æмæ та сыгъдæгæй нæ лæгтæ сæфты балцы сты: Хæмыц, Уырызмæг æмæ Созырыхъо, уыййеддæмæ махмæ чи æрбауæндыдаид! Мæ чындз хъазтмæ кæй рацыди, мæ нуазæн мæ къухæй уый мæстæй ахаудта.
    Сафа йæ уазджытæм дзуры:
    – Мæ хъанæн мын лæвæрттæ.
    Уастырджи загъта:
    – Æз ын мæ Къуылых уаддымд.
    – Æмæ дын æм цы миниуæг ис?
    – Хуыцау æмæ зæхх – ме 'вдисæн, бæсты кæронæй йын иннæ кæронмæ сахаты цыд йеддæмæ нæу.
    – Гъе Уацилла, ныр та дæ рад у: ды та мын ын цы лæвар кæныс?
    – Æз та дын мæ гамхуд.
    – Æмæ дын æм цы миниуæг ис?
    – Хуыцау æмæ зæхх – ме 'вдисæн: дæ уæлæ йæ куы æркæнай, дзыллæйы уындзынæ, дæхæдæг кæм дæ, уый дæ ничи фендзæн.
    – Йа, Ногбон, дæ рад у.
    – Æз ын мæ хъримаг-топп лæвар кæнын.
    – Дæуæн та йæм цы миниуæг ис?
    – Хуыцау æмæ зæхх – не 'вдисæн: лæппу ус куы 'рхæссы, уæд йæ къай чысыл куы фæхæссы сывæрджын æгъдауыл – йæ разы йын æй зæххы куы ныццæвы, – йæ гуыбыны нал фæлæудзæн.
    – Йæ, бламыхърихи, дæ рад у.
    – Топпыхос æмæ йæ нæмыгæй цы хъæуа, уый та йын мæнмæ.
    Ацæуы йæ лæвæрттимæ Хъырымсолтан. Арвæй зæххы астæуы ныллæууы æфсæдты сæрмæ. Гъæйдæ-мардзæ, семæ хæцын байдайы. Æфсæдтæ ракæс-бакæс кæнынц:
    – Цæй диссаг у ай, – уыцы хæст ныл чи кæны? Йе разæй куы ницы уынæм, йе фæсте куы ницы уынæм.
    Раззæгты цæгъды Уырызмæджы фырт Хъырымсолтан, фæстæгтыл цæуы туджы зæйтæ. Куы стæнæг сты æфсæдтæ, уæд лидзæг фесты. Сфардæг и Хъырымсолтан дæр уæлæмæ йе 'мцекк Сафамæ.
    Уалынмæ Хæмыц, Уырызмæг æмæ Созырыхъо æрбахæццæ сты.
    – Бын бауат, цыма уыл къуыри æфсæдтæ фæбадт, уый каст куы кæнут, – дзурынц сæ хъæумæ.
    – Хуыцау уын æй ма ныббарæд, æфсæдтæ ныл ахæм не'рбадт, ахæм: тыххæй ма нын нæ уæлхæдзар хъазт дæр скæнын кодтой. Чызг нын чызгæн нал ныууагътой, чындз – чындзæн.
    – Æмæ ныр цы фесты? – бæхтæй нæ хизынц, афтæмæй фæрсынц.
    – Арвæй зæххы астæу цыдæр ныллæууыд æмæ сын фыдмитæ бакодта. Æмæ куы стæнæг сты, уæд лидзынмæ фесты.
    Уырызмæг ныццин кодта:
    – Йæ рынтæ йын бахæрон, мæ чысыл Хъырымсолтанæн: уый мын Сафамæ хъаны цы Хъырымсолтан и, уый йеддæмæ ничи уыдаид. Уыцы митæ сын уый бакодта.
    Сæхуыдтæг бæхтæй нал рахизынц, афтæмæй ма тыхгæнджытæй чи баззад, уыдонæй хъыртгæнæг нал ныууадзынц, ныссæрфынц сæ.

Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №45–6, папкæ 21, ф. 1–4.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru