поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нартыл фыдаз, фыддуг ныккодта (вариант)
Автор: 00mN1ck / 28 февраля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(Вариант)

     Нартыл фыдаз, фыддуг ныккодта. Нал сæм уыди хорз лæджы кой, нал сæм уыд хорз бæхы кой, нал сæм уыди хорз галы кой, æрмæст ма сæм уыди хæрд æмæ нуæзты кой. Уæд Уырызмæг æрбацыди æмæ йæхи къæлæтджыны мæсты тъæпп ныккодта. Уæд ын Сатана загъта, цы кодтай, зæронд, цæуыл мæсты дæ, зæгъгæ.
     – Куыд нæ уон мæсты, Нарты фæсивæдмæ ма ис æрмæст хæрды кой æмæ нуæзты кой.
     Уæд Сатана загъта: «Ууыл мæт ма кæн». Сатана иу абонæй иннæ абонмæ цæттæ байдыдта. Стæй ныхъхъæр кæнын кодта Нартмæ: «Цæуынхъом чи у, уый цæугæ кæнæд, авдæны чи ис, уый хæсгæ ракæнæнт, Уырызмæг уæ хоны». Нарты фæсивæд æрымбырд сты, сбадтысты куывды. Уæд арт æрхуыссыдис. Уырызмæг сыстад æмæ суг хæссынмæ ацыди. Суджы æргъом бабаста, йæхуыдтæг суджы æргъомыл æрбадти. Цæргæс йæхи рауагъта æмæ Уырызмæджы йæ ныхтæ нытътъыста æмæ йæ систа. Хæссын æй байдыдта æмæ згъуайы астæу иу обау уыдис æмæ йæ уым æрывæрдта. Цæргæс фæстæмæ ратахти. Уырызмæг катай байдыдта, зæгъгæ, ай кæм ныххаудтæн, ай мыл цы ми æрцыди. Уæд куы баталынг и, уæд обауы бынæй рухс ракалди. Уырызмæг бацыди æмæ дуар бахоста: «Уазæг нæ уадзут мидæмæ?» Уæд æм иу гыццыл лæппу рауадис: «Мидæмæ, уазæг, мидæмæ» æмæ йæ бакодта мидæмæ æмæ йын фыс аргæвстой. Ысфыхтой фысæй æмæ разæй куывтой базыгæй хъамайы фындзыл. Æмæ Уырызмæг куы акуывта, уæд æй хъуамæ лæппумæ авæрдтаид хъамайы фындзыл. Æмæ лæппу æрбагæпп кодта æвиппайды æмæ хъамайыл йæхи фæцæф кодта æмæ дзыхъмард фæцис. Уæд Уырызмæг рацыди æмæ дуармæ сбадти æмæ æрдиаг кæны, ай мыл цы æмбисонд æркодта, ай цы бакуыстон. Уæд дын уыцы афон цæргæс рауагъта йæхи æмæ та Уырызмæджы йæ ныхтæ ныссагъта æмæ йæ систа, æмæ йæ кæцæй рахаста, уырдæм ахаста. Йæ суджы æргъом раккой кодта Уырызмæг æмæ йæ æрбахаста. Уæд æй Сатана фæрсы, зæгъгæ, кæм уыдтæ дыууæ боны. Уырызмæг ын радзырдта афтæ: цæргæс мæ ахаста, æмæ иу гыццыл лæппу кусарт акодта æмæ базыгæй куывтон, æмæ æвиппайды хъамайыл йæхи ныццавта æмæ йæ фæныхсти æмæ фæмард. Уæд Сатана ныхъхъæр ласта йæ дзыхыдзаг æмæ афтæ, ме 'мбæхст лæппуйы дæр та мын бахордтай, дæхи, дам, бахæрай. Уæд ма бирæ рæгъытæ фæкодтой, фæлæ уыцы лæппуйæн йæ ном не ссардтой. Уæд дын лæппу бæхыл сбадти æмæ дын рацыди мæрдтæй. Æмæ ма сæ Уырызмæджы хæдзары бадгæ раййæфта фæсивæды иууылдæр. Лæппу бахъæр кодта Уырызмæгмæ, æддæмæ ракæс, зæгъгæ. Уырызмæг фæсивæдæн загъта: чидæр, дам, хæрд æнхъæл æрцыд æмæ, дам, мидæмæ рацæуæд. Уæд сæм лæппу дзуры: «Æз хæрдмæ дæр не 'рцыдтæн æмæ нуæзтмæ дæр. Уырызмæг мæ хъæуы». Фæсивæд æрбацыдысты æмæ Уырызмæгæн загътой: «Иу гыццыл лæппу дæм дзуры, саргъæй зынгæ дæр нæ кæны, ахæм». Уырызмæг æм рацыдис, æмæ йын загъта гыццыл лæппу, мах, дам, хъуамæ ацæуæм хæтæны райсом, зæгъгæ.
     Уырызмæг æрбацыд æмæ та мæсты тъæпп ныккодта йæхи бандоныл. Уырызмæг загъта Сатанайæн, иу гыццыл лæппу мæ кæны хæтæны, æмæ мæ уыимæ чи фена, уый мын цы зæгъдзæнис. Уæд ын Сатана загъта, уымæн дын æз ысхос кæндзынæн. Сатана скуывта: «Хуыцæутты Хуыцау, ахæм мит æруар æмæ цъиуæн йæ къæхтæ Хуыцаумæ куыд ысхæццæ уой».
     Уæд æхсæв-бонмæ уарын байдыдта, æмæ æруарыд æхсæз метры бæрц. Уырызмæг райсом йæ искæйоны сæрвыста мæсыджы цъупмæ, уырдыгæй акасти æмæ федта Уырызмæджы быдыры гыццыл лæппу хуыссы, йæ алыварс нæй миты цъыртт.
     Уæд Уырызмæг загъта: «Уый хорз гыццыл лæппу нæу, фæлæ цæугæ кæнон». Уæд ацыдис æмæ тыхтæй ныххæццæ гыццыл лæппумæ. Уæд ын гыццыл лæппу загъта: «Æрхæццæ дæ, зæронд? Цæй, куыд зæронд лæг, афтæ разæй ацу».
     Уырызмæг цыдис, фæлæ йæ бæх нæ фæрæзта миты. Уæд ын лæппу загъта: «Бæргæ, хистæры разæй не 'мбæлы цæуын, фæлæ мæн бауадз разæй». Лæппу цыдис разæй, æмæ бæхы фынкæй мит сау кодта, æмæ Уырызмæг дæр йæ фæстæ цыдис. Уæд æй фæндагыл фæрсы Уырызмæг: «Кæдæм цæуæм?» Æмæ йын гыццыл лæппу загъта: «Терк æмæ Турчы рæгъæутты хъуамæ раскъæрæм». Уæд цæуын байдыдтой æмæ ныххæццæ сты. Æмæ сын уыди фыййæуттæ æфсæндзых бирæгътæ. Æмæ сæхи рауадзынц æмæ сæм гыццыл лæппу фæлæбуры æмæ сын сæ бæрзæйтæ сыскъуыны. Уæд сæ Цамтайы байдзаг кодта фыййæутты сæртæ æмæ рамбырд кодтой рæгъæуттæ æмæ сæ Уырызмæджы разæй скодта. Æмæ загъта Уырызмæгæн: «Цæугæ кæн, æз сын фехъусын кæнон сæ хицæуттæн, кæннод афтæ фенхъæлдзысты, æмæ сын адавтам сæ фос». Гыццыл лæппу ацыди æмæ Терк æмæ Туркмæ бахъæр кодта, æддæмæ ракæсут, уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуыдис, зæгъгæ. Уæд æм фæсивæд рацыдысты æмæ йын загътой: «Махæн нæ рæгъау ничи фæтæрдзæн, фæлæ мидæмæ рацу». Уæд бæхæй æргæпп ласта æмæ бацыдис мидæмæ æмæ сын сæ фыййæутты сæртæ сæ размæ скалдта. Йæхуыдтæг рагæпп кодта æмæ йæ бæхыл абадт. Æмæ йæм иу ус рауади æмæ йын загъта, зæгъгæ, авд лæппуйы мын уыди æмæ ма авдæй иу баззад, иннæтæ мын фæдисы фæмард сты. Æмæ дæм уымæй раздæр ничи схæццæ уыдзæн æмæ-иу мын æй маргæ ма акæн, уæлвæндаг-иу æй фæкæн. Лæппу йæ æцæг уæлвæндаг баппæрста. Иннæты фæцагъта. Уæд рацыд æмæ Уырызмæджы 'рыййæфта æмæ йын загъта, цы фæдæ, зæронд, зæгъгæ. Æмæ сæ раскъæрдтой æмæ сæ Уырызмæджы быдырмæ æрбаввахс кодтой. Уым сæ лæппу хæйттæ байдыдта: дыууæ иуырдæм, иу иннæрдæм. Уæд Уырызмæг бакатай кодта, зæгъгæ, иу хай мæнæн дæтдзæн, дыууæ та йæхицæн. Æмæ лæппу ацыдис æмæ хорз урс галыл синаг бабаста, æмæ Уырызмæгæн загъта: «Цæй, зæронд, ацы хай дæу уæд, фæлæ ды хорз лæджы гаджидæуттæ куы уагътай, галты, бæхты гаджидæуттæ куы уагътай, уæд, дам, де 'нæном лæппуйы дæхæдæг куы амардтай, уæд ын йæ ном цæуыннæ ссардтай? Цæй, гъеныр хорзæй баззай: аскъæр дæ рæгъау». Уырызмæг аскъæрдта рæгъæуттæ æмæ иннабонæй-иннабонмæ хистытæ фæкодта. Уыдоны æрцыдмæ бирæ цæр.

Радзырдта йæ Къумситы Уазно, 1968 аз. Ныффыста йæ Ходты Фатимæ. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru