поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты Уырызмæг (вариант)
Автор: 00mN1ck / 28 февраля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(Вариант)

     Уырызмæг-иу æрдхорд уыдис, исчи йæм куы бадзырдтаид, хæтæны цом, зæгъгæ, уæд уымæн. Иу изæр æм талынджы иу чидæр дуарæй бадзырдта. Рацыди йæм Уырызмæг, чи дæ, зæгъгæ. Уыди бæхыл ахæм гыццыл сывæллон, дыууæ саргъы гоппы астæуæй уæлæмæ дæр нæ зынди, æмæ йын загъта:
     – Мæн демæ фæнды цæуын хæтæны.
     Уырызмæгæн хъыг уыдис тынг: «Ацы сывæллонимæ мæ цæугæ чи фена, уый мын цы зæгъдзæн, йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæлгæ». Афтæмæй та ардхорд уыдис нæ ацæуыныл.
     Лæппуйæн загъта:
     – Ацу æмæ уыцы обауыл лæуу, æмæ дыл райсом сæмбæлдзынæн сæумæцъæхыл.
     Йæхæдæг фæстæмæ раздæхтис æмæ йæ хæдзармæ тынг мæстыйæ ссыди.
     Цæуыл мæсты дæ, зæгъгæ, йæ Сатана бафарста.
     – Куыннæ мæсты кæнон: сывæллæттæ мæ хынджылæг кæнын байдыдтой, йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæмæн кæлы, гъеуыдон. Гъе, ахæм гыццыл лæппу мæм æрбадзырдта, дыууæ саргъы гоппы астæуæй нæ зынди.
     Уæд ын Сатана загъта:
     – Уый ницы кæны: хъару æмæ зонд сывæллонæй зæронды сæрыл нæу.
     Уæддæр ын хъыг уыдис æмæ Хуыцаумæ бакуывта:
     – Хуыцау, уæдæ ацы æхсæв ахæм къæвда скæ, авд азы цы мит æруара, уый ахсæв куыд æруара, афтæ.
     Ахæм мит æруарыдис æмæ иу сардзины æрдæгæй фылдæр уыдис. Райсомы бадзырдта Хæмыц æмæ Созырыхъомæ:
     – Дысон мæм иу гыццыл лæппу, дыууæ саргъы гоппы астæуæй нæ зындис, ахæм æрбадзырдта, хæтæны, дам, цом. Хъыг мын уыдис, кæй мæ хъазыд, уый тыххæй, æмæ йын æмгъуыд скодтон гъеуыцы обаумæ, æмæ афонмæ амарди. Рацæут æмæ йæ бафснайæм, кæннод худинаг у; кæд мæ хъазгæ нæ кодта, уæддæр нæ зонын.
     Сбадтысты сæ бæхтыл, тыхтæй-амæлттæй бахæццæ сты уыцы обаумæ. Лæппу йæ нымæт йæ уæлæ æркодта æмæ хуыссы, бæх йæ алыварс хизы æртæх кæрдæгыл. Фæдис кодтой:
     – Ай та цы диссаг у! Лæппу хуысгæ куы кæны, бæх – хизгæ æртæх кæрдæгыл.
     Сæхинымæры æртæрхон кодтой: «Амарæм ацы лæппуйы: айбæрц æхсар кæмæ ис, уый исты бакæндзæн».
     Созырыхъо домбай уыди æмæ йæ кард сласта æмæ йын йæ бæрзæй ныцъцъыкк ласта, æмæ дзы æрду æмæ æрдæг дæр нæ алыг кодта. Хæмыц ыл фæхудти:
     – Тæнзæрдæ дæ, тæнзæрдæ, æмæ дзæбæх нæ ныццавтай, уыййеддæмæ йæ куыд нæ амардтай: сывæллоны йеддæмæ ма исты у?
     Уый дæр та йæ кардæй ныцъцъыкк ласта. Уымæн дæр ницы алыг кодта. Уæд сын Уырызмæг афтæ загъы:
     – Уæ дыууæ дæр нæ уæндут, уыййеддæмæ ма уыйас у йæ бис?
     Уырызмæг дæр та йæ ныцъцъыкк ласта, йæ кард йæ сæрты фæхауди, уыййеддæмæ лæппуйæн ницы кодта. Йæ бæрзæй аныхта лæппу æмæ загъта:
     – Ай мæ æхсæнчъытæ хъыгдарынц, æви цавæр у?
     Уæд æй базмæлын кодтой, сыст-ма, загъгæ. Фестади æмæ сын æгас цæуат, зæгъгæ, загъта. Басалам кодтой кæрæдзийæн.
     – Сифтындз дæ бæх æмæ цом.
     Араст сты. Лæппу сæ фæстæ цыди, уыдон та разæй. Уыдон миты цæуын нæ фæрæзтой; лæппу сæ фæдыл цыд, фæндаг сау кодта, хус кодта йæ бæхы комытæфæй.
     – У-у, лæппу, разæй рацу, ацы буцдзинад мах нæ хъæуы.
     Лæппу разæй рацыд, æмæ йæ фæстæ хус фæндагыл цыдысты. Иу ран иу хъæдрæбынмæ бафтыдысты æмæ уым æхсæвиуат æркодтой. Лæппу хъæды хицаумæ сæртхъирæн кодта:
     – Сар дæ къона кодта, дæумæ сагæй-сæгуытæй чи ис, уыдон куы нæ æрæмбырд кæнай, мæн дзы цас фæнда, уыйас дзы куыд аргæвдон, хорз хæринæгтæй мæ хистæрты куыд бафсадон, Уырызмæгæн саджы хъуынæй фæлмæн уат куыд бакæнон!
     Гъæйдæ-мардзæ, сагтæ æмæ сæгуыттæ йæм згъорын байдыдтой. Цас æй дзы фæндыди, уыйас дзы аргæвста, хорз федта йе 'ртæ хистæры æхсæв-бонмæ. Уырызмæгæн саджы хъуынæй фæлмæн уат бакодта.
     Ацыдысты уырдыгæй райсом. Иу быдыры та сæ æхсæвиуат æрыййæфта. Быдыры хицаумæ та сæртхъирæн кодта:
     – Сар дæ къона кодта, дæумæ каркæй-бæдулæй чи ис, уыдон куы нæ æрæмбырд кæнай, мæн дзы цас фæнда, уыйас куыд аргæвдон, ме 'ртæ хистæры фаг, Уырызмæгæн кæрчыты бумбулийæ фæлмæн хуыссæн куыд бакæнон.
     Гæппытæ йæм байдыдтой кæрчытæ, тæхын æм байдыдтой; цас æй фæндыди, уыйас дзы аргæвста, йе 'ртæ хистæры хорз федта, Уырызмæгæн сæ бумбулийæ фæлмæн уат бакодта. Райсом та уырдыгæй ацыдысты, æмæ та сын иу уырыл, доны былыл æхсæвиуат æрæнтысти. Доны хицаумæ та бартхъирæн кодта:
     – Сар мын дæ къона кодта, дæумæ кæфæй-кæсагæй чи ис, уыдон куы нæ æрæмбырд кæнай, æз дзы ме 'ртæ хистæры фаг куыд аргæвдон, афтæ, Уырызмæгæн кæфы хъуынæй фæлмæн уат куыд бакæнон.
     Кæсæгтæ йæм гæппытæ байдыдтой хуыскъмæ; кæфтæ, цас æй фæндыди, уыйас аргæвста, йæ хистæрты хорз федта, Уырызмæгæн кæфы хъуынæй фæлмæн уат бакодта. Райсомы сын загъта:
     – Гъеныр ам лæуут, мæнæ уын хæринаг æмæ хæрут. Мæнæн мæ амал цы дуджы уа, уыцы дуджы уыл æмбæлдзынæн.
     Доны бахызти. Донбеттыртæм бацыди æмæ сын сæ рæгъау ратардта бæхæй, галæй. Фæдис æй расырдтой. Уыцы лæппуйы цал гæрахы фæкодтой, уал хатты сын æй дæсгæйттæй фæстæмæ фыста. Раирвæзти. Æрбатардта Донбеттырты рæгъау бæхæй, галæй. Йе 'ртæ хистæрмæ æрбахæццæ æмæ сын загъта:
     – Гъеныр тæргæут ацы фосы, тас нын ницæмæйуал у.
     Раскъæрдтой фос уырдыгæй Хæмыц, Созырыхъо æмæ Уырызмæг. Æрбахæццæ сты Нартмæ. Нарты уарæны æрæнцадысты.
     «Ай нын ницы бахай кæндзæни, – тарстысты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Созырыхъо. – Куы нæ æхсгæ фæкодтам, куы нæ аргæ исты скодтам, куы ницы йæм тыхæй бавналæн ис». Уыцы мæт сæ уыди. Лæппу Нарты уарæны уыцы фос æртæ дихы акодта. Иунæг урс гал дзы уыди, æмæ уый хицæнæй аскъæрдта. Уыдон дис кодтой сæхинымæры, æвæццæгæн, иу хай махæн дæтты, дыууæ хайы йæхицæн исы, зæгъгæ. Уый сын загъта:
     – Бар кæстæрæй исгæ у: Созырыхъо, ды бар сис.
     Созырыхъо бар систа æртæ хайæ. Стæй та Хæмыцæн загъта, бар сис, зæгъгæ. Хæмыц дæр бар систа. Ныр фæстаг хай Уырызмæгæн баззад, æмæ цы урс гал фæхицæн кодта, уый дæр Уырызмæджы хайыл бафтыдта æмæ сыл ахъæр кодта æмæ сæ Уырызмæджы кæртмæ баскъæрдта. Уæд адæм иууылдæр бамбæрстой, уый хуымæтæджы кæй нæ уыди: Уырызмæджы чызджытæй ма Адухуæ æнæкуырд уыди. Ныр лæппу чи уыди, уый нæ базыдтой.
     Бонтæ йыл ацыдис, æмæ Сыбытты Сырхау цыппар æмбалимæ Уырызмæджы хæдзармæ уазæгуаты æрцыдис. Уырызмæг сæ ысуазæг кодта, æхсæвы йæм фесты, райсом сæ бафарста:
     – Уазджытæ, цы хабар ис? Цавæр, цы стут?
     Загътой йын:
     – Æфсæрмы дæм нæ кæнæм: нæ лæппу ацырдыгæй уыди æмæ дæм чызг федта, æмæ уый тыххæй æрцыдыстæм.
     Бафидыдтой хорз дыууæ лæджы; ракуырдтой чызг, бафыстой йын ноджыдæр йæ ирæд уыцы дуджы æгъдауæй. Чындзхæссæг æм æрцыдысты æмæ йæ ахастой Адухуæйы. Абон дæр ма Борæтæ æмæ Сыбыттæ хæстæгæй баззадысты.
     Сыбыттæ ахæм чысыл мыггаг уыдысты, æмæ сæ дæ дзыппы нывæрдтаис, афтæмæй та сыл уæлахиз ничи кодта.

Радзырдта йæ Хъалæгаты Иналдыхъо, 2 апрель, 1921 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 9а, ф. 21–26.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru