Нарти Орæзмæгæн æ конд, æ уиндæн н'адтæй, уæхæн рæсугъд лæг адтæй. Æгъдауæй дæр, тухæй дæр ин æ раз неке иста. Бæгъатæр дæр отæ адтæй. Нарти хестæртæ дзубанди кодтонцæ, бæгъатæрдæр ка одзæнæй Нарти лæгтæй, зæгъгæ, æма ка еуемæй загъта, ка иннемæй. Орæзмæг син загъта: Æз дуйнебæл нецæмæй фæттæрсдзæнæн. – Хуарз. Бавзарун æй гъæуй. Æдта нур е отæ бæгъатæр æй, – зæгъгæ, загътонцæ Нарти адæм. Еу хатт Орæзмæг балци рандæй, æма нарти адæм исфæндæ кодтонцæ Орæзмæги бавзарун. Орæзмæг син сæ унаффæн неци базудта, отемæй æндæр адæни хатмæ рандæй. Фæстæмæ ку раздахтæй Нартмæ, уæд ибæл, Нартæй сосæггæй æ фæсте æрвист ка 'дтæй, етæ сæдæ бæхгини исардудтонцæ. Æма сæдæ бæхгини рацудæнцæ æ фæдбæл. Етæ надбæл сæхе фæрразæй кодтонцæ æма сæхе фæснад баримахстонцæ. Сæдæ бæхгини ратегол æнцæ Орæзмæгбæл, гъавтонцæ 'й марунмæ. Сæ астæути куддæр-муддæрти кæронмæ раласта æхе, оми ба æ бæх ниццæфтæ кодта æма ледзунбæл фæцæй. Ледзун байдæдта надбæл. Сорун æй байдæдтонцæ æма радаргъ æнцæ æ фæдбæл. Нарти адæмæй æ фæдбæл гъæуай кæнунмæ æрвист ка 'дтæй, етæ кæрæдземæ бакастæнцæ, нæ бæгъатæр цæхæн бæгъатæр æй, ледзунбæл фæццæй, æндæр æ бон нецибал æй, зæгъгæ. Худтæнцæ ибæл сæхе меднимæр. Уæд кæсунцæ, æма æваст Орæзмæг æ бæхи къембур фæххатта фæстæмæ æма сæ цæгъдун байдæдта, отемæй сæдæ бæхгинемæй некебал ниууагъта, ниссæцагъта. Фæдбæлгæсгутæ æрбацудæнцæ Нарти хестæртæмæ æма син æр¬дзурдтонцæ, куд адтæй æма ци фæууидтонцæ, ой. Хестæртæ æрбахудтонцæ Орæзмæги сæ размæ æма 'й бафарстонцæ: – Ледзгæ ма цæмæн кодтай сæ разæй? Е ба син загъта: – Лæг е 'знаги хæтдзæ ку хуæца, уæд гурумухъ хъаруæй мадзали хъаруæ хуæздæр æй. Æз си тæрсгæ нæ фæккодтон æма сæ разæй ой туххæй нæ лигъдтæн, фал мин отемæй æнцондæр басæттæн иссæнцæ, кауи мехти хузæн. Еци мадзал ба райстон мæ цауæйнон куййæй. Мæ куйбæл дуйней куйтæ рамбурдæй æма ралигъдæй сæ разæй. Е дæр – ледзгæ, етæ дæр æй – соргæ, æма ку радаргъæнцæ, уæдта сæмæ раздахтæй æма сæ ниццагъта еугæйттæй. Нарт Орæзмæги бæгъатæрбæл банимадтонцæ.
Радзырдта йæ Золойты Къæбус, 1938 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Хадаты Берди. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 36, папкæ 4, ф.35–36.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |