поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты Уырызмæг зæрондæй фос куыд фæкодта (вариант)
Автор: 00mN1ck / 17 марта 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(Вариант)

Иухатт, дам, зæронд Уырызмæг, цы фос фæкодта,
Уый тыххæй Нартæй баззади таурæгътæ, æмбисæндтæ.
Нарты фæсивæд иу хур бон ныхасы куы 'рымбырд ысты,
Куы 'рымбырд ысты 'мæ балцы фæцæуын куы бауынаффæ кодтой:
«Зæронд Уырызмæг алырдыгæй фосгæндтæ куы кæны,
Мах та чызджыты æмæ чындзыты 'хсæн кад куынæуал ис.
Цæй, уæд та не 'ппæт нæхицæй иу Уырызмæг саразæм!»
Куыд бауынаффæ кодтой, афтæ райсом раджы
Нарты хъал фæсивæд балцы куы араст ысты.
Уырызмæгæн, зæгъы, йæхицæн дур куы уыд Нарты ныхасы.
Райсом куы рацыд, йæ бирæгъдзарм кæрц йæ уæлæ, афтæмæй,
Йæ дурыл куы 'рбадт æмæ фæйнæрдæм куы фæлгæсы,
Фæлæ Нарты фæсивæдæй йæ цæст куы никæй ахсы.
Ныхасы ма æндæр зæронд куы бадти уыцы райсом.
Уырызмæг æм йæхи хæстæг куы баласта æмæ йын афтæ куы зæгъы:
«Дис кæнын, ацы бон нæ фæсивæд кæм ысты,
Куы никæцæй зынынц, цавæр хабар у?»
Зæронд лæг Уырызмæгмæ афтæ куы дзуры:
«Дысон, æз дæр ам уыдтæн, афтæмæй
Фæсивæд бауынаффæ кодтой,
Райсом балцы фæцæуæм, зæгъгæ.
Уырызмæг, дам, нæ тынг æгад куы кæны.
Уæд та, загътой, нæхицæй иу Уырызмæг саразæм».
Йæ уæраг æркъуырдта зæронд Уырызмæг:
Гъе, уæуу-уæй, ныронг мæ мад-фыды фарст куы фæкодтой,
Уæд мæ ныр цæуылнæуал æрхъуыды кодтой, зæгъгæ.
Сыстад æмæ сæхимæ рараст и уыцы мæстыйæ.
Сатана кæрдзын кæны, йæ былтæ баст, афтæмæй,
Уыцы рæстæджы афтæ уыд, мæ хуртæ.
Йæ былтæ баст куы нæ уыдаиккой,
Уæд ын йæ кæрдзынæй куы ничи хордта, куы, зæгъынц.
Йæ лæджы афтæ мæстыйæ куы федта Сатана,
Уæд æй куы бафæрсы, цы кодтай, цы фехъуыстай, зæгъгæ.
Уырызмæг ын куы радзуры хабар æмæ куы зæгъы:
«Ныронг-иу Нарты фæсивæд æдзухдæр мæн фарстой,
Ныр балцы ацыдысты, мæн та хъуыды дæр нал æркодтой.
Æртæ æмысы мын ракæн æлутонимæ,
Хæссынмæ рог, хæрынмæ адджын куыд уой, афтæ».
Цалынмæ Сатана уыдон цæттæ кодта,
Уалынмæ уый та царæй æртæ султъы райста
Æмæ æрчъитæ арæвдз кодта йæхицæн.
Фæстейы бæргæ асырдта фæсивæды,
Фæлæ сæ никуы ссардта, нал сæ баййæфта.
Дарддæр цæуы æмæ куы ницы фосыл æмбæлы,
Фæлæ фæстæмæ раздæхын йæ сæрмæ нæ хæссы.
Зилы æмæ иу тархъæдмæ афтыди.
Тархъæды астæу иу æрдузы фæзы
Æртæ лæджы кæрæдзийы пырх куы калынц,
Æставд лæдзджытæ 'ргъæмттæ куы ракæнынц
Æмæ сæ кæрæдзиуыл куы ныппырх кæнынц.
Уырызмæг сæм арвы айдæнæй куы кæсы
Æмæ афтæ куы зæгъы йæхинымæр:
«Цæй æмæ сæм бацæуон, уæддæр сæфт æмæ сæфт».
Афтæ бауынаффæ кодта æмæ сæм бацыди.
Бацыдис сæм æмæ сæ афтæ куы фæрсы:
«Цы ми кæнут, цæмæн уæ кæрæдзийы нæмут?»
Дзуапп ын радтой: «Мах æртæ 'фсымæры стæм,
Нæ фыды фос уарæм æмæ сыл нæ фидауæм».
Уырызмæг сæ фæрсы: «Уагæр цавæр фос сты,
Уæ кæрæдзи афтæ кæуыл нæмут, уыдон?»
Уæд Уырызмæгæн лæгъстæ кæнын байдыдтой,
Курæм дæ æмæ н 'астæу æрлæуу æмæ нын сæ байуар, зæгъгæ.
Зæронд Уырызмæг уæд афтæ куы зæгъы:
«Уæдæ уын цы уаринаг ис, уый мын мæ цуры æрæвæрут!»
Уырызмæджы цур гауыз æрæвæрдтой, –
Уый нæ иу хæзна, зæгъгæ.
Гауызы уæлæ тымбыл фынг æрæвæрдтой, –
Уый та нæ дыккаг хæзна, зæгъгæ.
Се 'ртыккаг хæзна хъуымацы топп куы уыдис.
Ахæм миниуджытæ, дам, уыдис уыцы хæзнатæм:
Гауызыл куы 'рлæууай, уæд дæ цæстыфæныкъуылдмæ
Кæдæм бафæнда, уырдæм фæхæццæ кæндзæнис;
Фынг та ахæм у æмæ, дæ зæрдæ цы зæгъа хæринагæй,
Уый дзы æвзæрдзæни мыггагæй-мыггагмæ,
Къахыр дæр никуы фæуыдзæнис, афтæмæй;
Хъуымацы топпæн та, зæгъы, йæ кæрон
Хæсгард, судзин æмæ æндах куы уыдис.
Хæсгард, зæгъы, кæрдгæ кæны, æндах хæлгæ,
Судзин та æнæрынцойæ хуыйгæ фæкæны,
Уæддæр къаддæр куы нæ кæны уыцы хъуымацы топп,
Фæлæ дуне дзыллæты фаг куы у.
Уырызмæг сын загъта:
«Цæй, уæдæ мæм æрбайхъусут, æз уын сæ байуардзынæн.
Æз мæ хъримаг æртæрдæм фехсдзынæн,
Æмæ йæ нæмыг раздæр чи 'рхæсса, уый фыццаг бар,
Дыккаг æй чи 'рхæсса, уый дыккаг бар,
Æртыккаджы та – æртыккаг бар».
Æртæрдæм сæ æрлæууын кодта,
Æртæ хатты æртæрдæм фæгæрæхтæ кодта.
Æртæ 'фсымæры «æз фæраздæруон»-æй
Фæйнæрдæм фесхуыстой нæмгуытæ агурæг.
Уырызмæг фынг йæ иу дæларм æрбакодта,
Хъуымацы топп иннæ дæларм æрбакодта,
Гауызыл æрлæууыдис æмæ скуывта,
Уæ Хуыцау, уæдæ мæ Нарты ныхасы
Мæ дуры сæр февзæрын кæн, зæгъгæ.
Уырызмæг уыцы ныхас куыд загъта,
Афтæ дын цæстыфæныкъуылдмæ
Нарты ныхасы йæ дуры раз февзæрдис.
Уырызмæг йæ хæдзармæ бацыдис ныхасæй.
Æрæвæрдта гауыз хæдзары астæу,
Хъуымацы топп æмæ фынг та йæ уæлæ,
Афтæмæй дзуры Сатанамæ: «Уæ, не 'фсин,
Рацу-ма, æз дын мæ фосы конд фенын кæнон!»
Йæхæдæг дзуры йæхинымæр фынгмæ,
Цæй-ма, дæ миниуæг равдис, зæгъгæ.
Фынгыл алы хæрд, алы нозт куы февзæрди,
Дзагдæр куы кæны æнæ цухгæнгæйæ.
Се 'цæгдзинад куы базыдтой уыцы хæзнатæн,
Уæд фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодтой:
«Æртæ Нарты, æрæмбырд ут, æмæ уын
Уырызмæг йæ фосы конд фенын кæна.
Алчи уæ йæ сывæллоны дæр ракæнæд,
Йæ дуæрттæ рахгæнæд æмæ рацæуæд!»
Æрæмбырд сты æртæ Нарты иууылдæр.
Цатыртæ сын рарæвдз кодтой уайтагъд
Æмæ сæ иу абонæй иннæ абонмæ
Фæминас кæнын кодтой алы хæрд, алы нозтæй.
Уæдæй-уæдмæ хæсгард кæрдгæ кодта,
Судзин æмæ æндах хуыйгæ кодтой,
Афтæмæй утæппæт адæмæй
Алкæмæн дæр цыппар фæлысты куы сцæттæ кодтой,
Æмæ 'фсæст æмæ ифтонгæй сæ хæдзармæ куы рацыдысты.
Нарты балцдзау фæсивæд та, мæ хуртæ,
Афтидармæй фæстæмæ æрыздæхтысты
Æмæ Уырызмæджы фосы кондæй дæр æнæхай куы фесты.
Уæдæй фæстæмæ Нарты зæронд Уырызмæг,
Кæимæ йæ фæндыд, уыдонимæ минас куы кодта.
Æртæ 'фсымæры та ма афонмæ дæр
Сæ нæмгуытæ куы агурынц.
Цæмæй зыдтой уыдон, Уырызмæг йæ топп
Æнæ нæмыгæй кæй фехста, зондæй сыл кæй фæтых.

Радзырдта йæ Дзодзыккаты Хадзымæт, 78-аздзыд. Ныффыста йæ Ардасенты Хадзыбатыр, 1941 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 70, папкæ 25, ф. 385–389.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru