Уой, уонайи уонай, уонай! Нарти нæртон Сатана сæдæ гъунемæй Урузмæгæн нимæт кодта. Алли муггагæй фæйнæ кизги бæргæ æрхонуй; Нæудæс æма цуппаринсæй кизгемæ Фæйнæ гъуни бæргæ равардта, Уой, уонайи уонай! И кизгуттæй алкедæр æ гъуни хай бæргæ райста; Нарти нæртон Сатана сæ астæу бæргæ исбадуй. 'Ма син алли зари сæр ку хаста, Уой, уонайи уонай, уонай! Нарти нæртон Сатана сæмæ æ цæститæ нийирд кодта. Уалдзигон цъеуау, цъæбар-цъубур кизгуттæ кæнунцæ, 'Ма си Сатанайæн æ зæрдæмæ неке бацудæй. Æрæгиау ба Æлумбегати Алибеги еунæг кизгæ Айсана-рæсугъди бæргæ исхонуй. Æ гъуни хай йин бæргæ багæлдзуй 'Ма йин алли зари сæр ку æркæнуй; Айсана æ цъухæй хъипп дæр не суадзуй; И нимæт бæргæ исцæттæ уй, 'Ма и еунæг Айсанай ба æ фуртæн Тайсанайæн уосæн бæргæ æрорамуй. Уой фæсте ба рарветуй алли кизги дæр Бæхуæрдунæй сæ хæдзæрттæмæ,– Уой, уонайи уонай! Къуæрей бонмæ сæмæ бæргæ рарветуй Æлумбегатæмæ, Кæрдзини хуæрдæмæ сæ исхонуй сæ хæдзарæмæ, 'Ма сæ сæдæ лæгемæй ку фæххинцуй хъæбæр хуарз, 'Ма уой фæсте ба Нарт 'ма Æлумбегати Кайесдзинадæ ку æрфедар æй.
Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза,1926 аз, Уæхъæц, сосæн. «Памятники народного творчества осетин», вып.2, ф. 146–147.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |