Æхшинæ æнæ хæлафæй цубур курæти Донмæ рацудæй æма æ хъæппæлтæ æхснадта. Бæхгæс æй и ордæгæй фæййидта, Æ орс бауæрмæ ин æрхицæ кодта, Дорбæл æхе бауагъта – Золахъ-фæрдуг фестадæй 'ма 'й Æхшинæмæ фехста. Зонæнгин адтæй Æхшинæ. Золахъ-фæрдуг дори ниххизтæй, Бонæй-бонмæ дор ирæзтæй. Курдалæгонмæ 'й фæххаста, Фараст мæйи ибæл ку рацудæй, Уæд æй е басаста, сувæллон си разиндтæй. Хъумайаг осæн æй равардта, Урузмæги сосæггæй æй фæххаста. Битдзеу ку иширæзтæй, загъта: – Æз адæймагæн не сбæздзæнæн, Кунæ мæ байсæрайтæ, уæд. – Омæн гъæуй сæдæ кунци, Æвддæс бæлæгъи берæгъи æхшир, Хъумайаги схъурмæ кодта, Е дæр загъта Æхшинæн. Курдалæгон скодта бæлæгъ æма кунцитæ; Бæлæгъ Ширдони фæрчи фæццубурдæр æй Æма Сосланæн цуппар æнгулджей бæрцæ Нæбал рахъæрттæй. Берæгъи æхшир ба Сширдта отемæй: хинцун байдæдта адæми Стур фæндаги билæбæл. Уæдта æрцудæй Судæй мæлгæ куйти сæр Шела. Ой бафсаста: е загъта: – Дзинагъайæй скæнæ стойнæ. Куйти сæр Шела хаста берæгъти, Радугай сæ Урузмæг дугъта, Отемæй байсæрудтонцæ Сослани: Æ уæргутæн нæ рахъæрттæй, Тæссонд уæрагæй байзадæй Сослан, Еугур æндон болат фестадæй. Бориатæ фæндæ искодтонцæ: Урузмæги рамарæн, зæгъгæ. Стур кувд ку скодтонцæ, Марг ин сцæттæ кодтонцæ, Кувдмæ имæ бадзурдтонцæ, Фал ин Æхшинæ раздæр баунаффæ кодта: – Бадгæ ма скæнæ фитдзаг. Фестин Гобанбæл сбадæ, фитдзаг ниуазæн баниуазæ, Дуггаг одзæнæй марги хæтдзæ 'ма шин æй Сæхецæн февæрæ, æртиггаг дæр сæхецæн, Уæдта хæтæл дæ души бакæнæ 'ма Ниуæзтæ хæтæли рауадзисæ. Отæ бакæнуй Урузмæг дæр. Стур Æрфæнбæл рацудæй Урузмæг дæр. Кувди ниуазун ку байдæдта Урузмæг, Уæд имæ Бориатæ æнгъæл кастæнцæ, Кæд рамæлдзæнæй, зæгъгæ. Ширдон Урузмæги хинæ æртергади кодта Æма загъта: – Бориатæ, уæ хуссæнтæ Уæ мезунцъагæй ку байдзаг кодтайтæ. Уæд Урузмаг фестадæй, цæуон, зæгъгæ. Фæндарасти шинон ин рахастонцæ марги хæтдзæ, Урузмæг марг ниуазун байдæдта, Æма дзой-дзой кæнун райдæдтонцæ æ уæргутæ, Æ бæх Æрфæн ой ку балæдæрдтæй, Уæд æфсæн бæхбæттæн бахшидта æма е дæр нидздзой-дзой кодта. Æхшинæ зонæнгин адтæй 'ма Сосланмæ фервиста: – Тагъд, Урузмæги Марунцæ Бориатæ! – зæгъгæ. Æгас бæласæ лæдзæгæн раскъафта Сослан: – Ходуйнаг уин нæй, Нарт, Зæронд лæгæн тухæ кæнун? – Райæскъæфуй æма æ лæдзæг Царæй хæдзари астæу рацæвуй, нийзазуй, Æма сæбæл хадзарæ æркæлуй: Кæмæн æ цæстæ, кæмæн æ цонг – Отемæй сæ фæссахъат кæнуй. Урузмæг Æхшинæн дзоруй, куд ибæл фæндæ кодтонцæ, Куд æй мардтонцæ, Сослани фæрчи куд раервазтæй, ой. Æхшинæ дæр æй фæрсуй: – Æрвадæн дæ гъæуй Сослан æви фуртæн? – Фуртæн. Сослан уæд раргом æй Урузмæгмæ Æма æ фурт сцæй уæдæй ардæмæ.
Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1902 аз. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 13, папкæ 6, ф. 42–44.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |