поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сослан æма Тухи фурт Нокара (вариант)
Автор: 00mN1ck / 4 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

     Нартбæл залти мет æруардта, æма исæвди къахбæл æрлæудтæнцæ.
     Рацæуæн, ракæсæн син нециæрдæмæбал адтæй. Сæндзелæ кодтонцæ, уæддæр ма нæ фонсæй йести ку райервæзидæ, зæгъгæ. Дууæ синхи дæр æрæмбурд æнцæ, федеуæг сæбæл нигъгъæр кодта туппурæй:
     – Æрæмбурд уотæ, маха йести баунаффæ кæнæн!
     Æрæмбурд æнцæ устур нихæсмæ. Фæндæ кæнун байдæдтонцæ:
     – Исæфæн, 'ма нин ка бабæрæг кæна Хъуми будуртæ, уалæ нин фæлгæсæнæй ка ракæсдзæнæй будурмæ.
     Æма зинадæ кæнунцæ, кæрæдземæ дзорунцæ:
     – Ракæсæн ку нæййес, рацæуæн ку нæййес, зæйи буни йесге ку фесæфдзæнæй; арви нæрунау сæ гъæр ку цæуй аллиæрдиги.
     Уорæзмæг дзоруй:
     – Ма тæрсетæ, йесге уи фæххуæздæр уæд.
     Сослан ба дзоруй:
     – «Ду цо»-æй не срæвдзæ уодзинан, кæрæдземæ ку кæсæн, уæд, æма уотæ нæ, гъæдæ халæ искæнæн.
     Æма халæ искæнунбæл исарази æнцæ.
     Сослан æхе хæлттæгæнæг искодта. Æртæ хатти дæр Сирдони халæ ниууорæдта. Æ къохи æй ниууорамидæ, фæдздзоридæ:
     – Мæнæ Сирдони халæ рахаудтæй æртæ хатти дæр.
     Сирдон æ бадæнæй фесхъиудтæй æма дзоруй:
     – Æз сумахæн ци кæнун, рагæй æносмæ дæр мæ робасау мæ цармæ соретæ. Нур æз Хуцауи халæбæл фæццæудзæнæн, фал мæ баууæндун кæнтæ, цалдæнги æриздæхон æма мин мæ бæрæг базонайтæ, уалдæнги уæ бадæнтæй куд не систдзинайтæ, уобæл мин дзурд куд раттайтæ.
     Æма ин загътонцæ уасхæ, цалдæн æрцæуай, уалдæн нæ бадæнтæй не систдзинан, зæгъгæ.
     Сирдон дзоруй:
     – Раттетæ мин уæддæр Хæмици уормен. Бацудæй хæдзарæмæ, фæндаггаг рахаста æртæ къерей æма арахъ. Исцудæй фæлгæсæнмæ, сæ уæллæй æфцæги билæмæ. Уоми æ хуаллаггагæй æхе хуарз фæууидта, æхе исрасуг кодта. Æрцудæй фæстæмæ, æ уæле Хæмици уормен усхъунмæ исхатта. Уæллаг донесæни лæхцорæнмæ æхе ниддардта æ гъунæрдæмæ ибæл ниййех æй, уотемæй æрцудæй дзæнгъар-мунгъургæнгæ. Бон сæбæл уæхæн бон искодта, æма дæллæй хæр дунгæ æрбахаттæй. Аннæрдиги ба сæбæл бурдæн калдта. Йе 'рцудмæ сæ бадæнти кæмæн æ къах басудæй, кæмæн æ гъос, кæмæн æ фий, кæмæн æ къох басудæй. Расугæй йе 'взаг æ коми нæ хаттæй Сирдонæн, уотемæй се 'хсæнти æрцудæй æма сæмæ дзоруй:
     – Ахсæви æхсæв æй, фал сæумæ ба раги æрæмбурд уотæ, æма уин хабар зæгъдзæнæн.
     Сæумæ, æхебæл ма си ка адтæй, йетæ рагацау æмбурд кæнун байдæдтонцæ нихæсмæ. Сирдон сæмæ нæ зиндтæй, æма имæ рарветионцæ, ранæмæкæсæ, зæгъгæ. Æрæгиаугомау бабæй сæмæ рацудæй æма сæмæ дзоруй:
     – Далæ Тухи фурт Нокарай зæнхи сугъди кæрдæг айдæнау æрттевуй, æма махæн уордæмæ ка фæццæудзæнæй гъонгæс. Æндæр фонс бауорамуйнаг некæми йес.
     Ци фæдздзурдтонцæ кæрæдземæ, дугæйттæй йесге фæццæуæд гъонгæс.
     Ма Хæмиц дзоруй:
     – Нарт дууемæй гъонгæс рацудæнцæ, уой уæ сæрмæ куд хæссетæ?
     Йеунæгæй бабæй си æ нифс неке хаста. Сæ фæстаг бабæй халæ кæнунбæл иссæй. Сирдонæн цæугæ нæбал адтæй æма сæмæ дзоруй:
     – Кæд мæбæл æууæндетæ, уæд æз исхалæ кæндзæнæн.
     Зæгъунцæ ин:
     – Исхалæ кæнæ.
     Халæ исесидæ'ма исдзоридæ: «Мæнæ Сослани халæ рахаудтæй». Æ къохи 'й 'римахстæй дардта, уотемæй æртæ хаттеми дæр загъта: «Мæнæ Сослани халæ рахаудтæй». Сослан имæ целхъ фелваста 'ма имæ æхе æртардта: «Мæ фæдбæл йесгæрдæгау æноси цæмæ хæти?»
     Ци гæнæн ма ин адтæй æнæ цæугæ, æ сæрмæ 'й нæбал хаста. Хæдзарæмæ бацудæй, урундухъбæл исбадтæй æма æ буни фæффунук æй. Сатана имæ дзоруй:
     – Ци кæнис ме 'нæниййергæ бæдолæ, ка мин дæ бафхуардта?
     Дзоруй имæ Сослан:
     – Ци ма кæнон, Нартæн гъонгæсбæл мæ халæ рахаудтæй, дæлæ Тухи фурт Нокарай зæнхæмæ. Æз уордиги æнæ фидбилиз нæбал æрбацæудзæнæн.
     Сатана ба имæ дзоруй:
     – Тæрсгæ ма кæнæ, битдзеу. Уæлæ ма ундуги байрагдзартæй кæд йести йес, уæд они зæнхæмæ æркалæ.
     Йе 'ндæрхцæ, йе 'нуæрхцæ ин си скодта лæмæгъ. Æхуæдæг ба ин ниффæдзахста:
     – Май-майддæр дæхе ма базонун кæнæ, йесге дæмæ ку фæззинна, уæд амæлттæ кæндзæнæ. Уæдта, Хуцау ци зæгъа, йе уодзæнæй.
     Сæумæ ба сæмæ Сослан дзоруй:
     – Нарт, уæ фонс рамбурд кæнтæ.
     Дæлæфцæг ин сæ фæккодтонцæ. Тухи фурт Нокарай зæнхæмæ сæ баскъардта. Æцæг, куд загъта, уотæ хезунцæ комдзæфæй сугъди кæрдæгбæл фонсиуарæни Нокарай зæнхи. Туппури сæрбæл тари уосонгæ искодта æхецæн. Тухи фурт Нокара цардæй Циуалтаси. Нокарамæ кувди æмбурд адтæй. Йеу битдзеу имæ дзоруй дуарæй:
     – Дæ зæнхи дин йеу битдзеу хезуй, аргъдунгæ син нæййес, уой бæрцæ фонс.
     Медæгмæ 'й бакодтонцæ, йести баниуазæ, бахуæрæ, мæн зæнхæмæ неке æрцæудзæнæй, зæгъгæ.
     Уотемæй йеу къуар хатти, уæдта имæ бадзурдта йеу зæронд лæг:
     – Гъæйтт, Нокара, уæлæ дин дæ зæнхи йеу гъонгæс хезуй хъæбæр устур зæрдæй, зари сæртæ æрхæссуй, уотемæй.
     Нокара загъта:
     – Гъæу-æмбурд бал рацæуа, уæдта 'й бабæрæг кæндзæнæн.
     Баæруагæс æй. Сау аласæбæл саргъ байвардта, ранæхстæрæй. Æцæгæй дæр будур фонсæй байдзаг æй. Исимæхъæрттæй Сосланмæ æма имæ дзоруй:
     – Фонс берæ, гъонгæс.
     Йе дæр ин салан равардта.
     Уæдта 'й Нокара бабæй фæрсуй:
     – Ци дæ? Циуавæр дæ? Ами цæмæн хезис?
     Æма ин Сослан загъта:
     – Æз дæн Нарти гъонгæс, Нартмæ дæн ихуæрст. Исæвди къахбæл ниллæудтæнцæ 'ма хуæздæр амалæн ардæмæ рацудæнцæ.
     – Мадта мин Сослани нæ фæсмæрис?
     'Ма имæ дзоруй:
     – Уасхæ дин дæттун, æз Сосланæн æ мæкъур дæр куд некæд фæууидтон.
     – Сослани гъæзтитæй мин йести байамонæ.
     – Йеу гъазт си зонун: уæртæ йеци богъати астæумæ æ сæр бадаруй, æма богъатæ фæйнердæмæ рахаунцæ.
     Дзоруй имæ Нокара:
     – А нецæй гъазт æй. Æндæр гъазт ма мин байамонæ.
     – Йеу гъазт ма зонун: сæ уæллæй хонхи буни нистуй, æма имæ Нарти фæсевæд иссæунцæ ма ибæл хуæнхтæ изазунцæ, йе ба сæмæ æ тæрних даруй. Дортæ ба фæйнердæмæ æ фæрстæмæ кæлунцæ, æ тæрнихбæл ба листæг морæ кæнунцæ, дасæн дорау кæлунцæ.
     Тухи фурт Нокара имæ дзоруй:
     – Рацо, баминæйамонæ.
     Фонс ниууагътонцæ æрдози. Хонхи бунмæ бацудæй Нокара, æ тæрних даруй хонхмæ. Сослан хонхи бæрзондмæ исхизтæй, хонх ибæл уæллæй изазуй, фæрцитæй ибæл сæ калуй. Листæг зуртæй æ тæрнихбæл фæрстæмæ æгъзæлунцæ. Æма имæ дзоруй Нокара:
     – А хуарз гъазт æй.
     Фонси размæ рацудæнцæ. Нокара бабæй Сосланмæ дзоруй:
     – Сослани гъæзтитæй ма мин байамонæ йести. Йе хуарз гъазт адтæй.
     Сослан имæ дзоруй:
     – Æз дæн мæгур лæг, Нарти гъонгæс, Сосланæн, уасхæ, æ мæкъур дæр некæд фæууидтон. Йеу гъазт ма ин зонун: далæ дони ниббадуй, сæдæ цæдемæй имæ ласунцæ гъæдæ 'ма хурæ, дон ниййауазунцæ. Айдагъ æ къобалæ ма фæззиннуй.
     Нокара дзоруй:
     – Мадта мин æнæ бавзарун нæййес уомæн дæр.
     Æ сæдæ ихуæрсти искодта, æ дæс галей хæццæ; етæ ба гъæдæ 'ма хурæ ласун байдæдтонцæ. Дон цæхгæрмæ ниййаузтонцæ. Тухи фурт Нокара аузтмæ ниххизтæй. Сослан ибæл æ сæдæ ихуæрстей хæццæ калун байдæдта гъæдæ, хурæ, пихсæ. Аузт идæрдтæбæл æрлæудтæй.
     Сосланæн искурдиадæ адтæй æма искувта:
     – А Хуцаути мæхе Хуцау! Аци бонæ, хорхæтæни æнсури мæйи куд фæууй, уотæ ци ниййех уа мæнæ аци аузт.
     Хæзни мегъæ ибæл æнгомгомау исбадтæй. Аузт йеугур цъæх йех фестадæй. Загъта ин Сослан уæд:
     – Исхуæцæ гъенур!
     Исхуæстæй, æма ма кæцæй исхуæстайдæ, изолтæбæл никъкъæр-къæр кодта. Нæ ин искумдта. Йех кæми фезмалдæй, уоми дæр ма цæмаузтитæ рацæй.
     Дзоруй имæ Сослан Нокарамæ:
     – Исхуæцæ-ма!
     Нæбал ин комуй æзмæлун дæр. Æ бæрæг ин ку базудта Сослан дæр, нур ин нецибал искæндзæнæй, зæгъгæ, уæд имæ дзоруй:
     – Гъæйтт, Тухи фурт Нокара, гъе нур дæ тухæбæл исæнбалдтæ, ци ма фæдзæхсис?
     – Ци дин фæдзæхсуйнаг дæн,дæ амонд бахуæрæ. Ардæги ма дæмæ ку сервазтайнæ, уæд... Сослан дæхуæдæг ке адтæ, уой базудтон дæ миутæй æма дин йести кодтайнæ, фал дæ амонд бахуæрæ. Нур ба мæ дæ фæндон бунати иссердтай, цидæр мин кæнай, дæ барæ дæн.
     Байрагдзар къæреди бунæй имæ исласта æ целхъ. Йехи сæрбæл имæ бацудæй. Сослан имæ дзоруй:
     – Дæхуæдæг дæр, дæ бон кæмæн цудæй, уони сæртæ къуæрдтай, нур ба гъæуай кæнæ дæхе.
     Нокар имæ дзоруй:
     – Мæ сæр мин къуæрдзæнæ, фал, мæ астæуистæги хъанз ка'й, уой мин йехи сæрбæл ма ниууадзæ, дæхебæл æй æрбатохдзæнæ, æма дæмæ мæ тухæ бацæудзæнæй.
     Йехи æмбæрцæ ин æ сæр раамадта. Æ зæлдагæ рехи хæтдзæ æ сæр готони къудурау йехбæл низзелæн кодта. Астæуистæги хъанз фелваста, арви талингити рандæ 'й, фæстæмæ бæлæсти хехтæ цæгъдгæ æрцудæй. Сослан æй изазнæй тæрсæ бæласæмæ багæлста – тæрсæ бæласи листæг хъуæлтæ ракодта. Сослан дзоруй:
     – Гиаур, хуарз фæндæ мин ку кодта.
     Сæри къудурмæ бацудæй Сослан, райхаста, æ цилле закъæй æй бæхбæл æрбаста. Сослан ниццудæй Нокарай синхмæ. Нокарай хæдзарæмæ бацудæй, бæхи бæхбæттæнбæл бафтудта. Нокарай сæр дуарæй хæдзарæмæ базилдта:
     – Мæнæ уин уæ хецау хунæ æрбарвиста.
     Æ бинонтæ ахæй никкудтæнцæ, æхецæй тухæбæл дæр кæми исæмбалдæй, ци кодта, зæгъгæ, уайтæккæ дæр ин уомæй тарстан; тохæг галæн æ сиуæ сæттуй.
     Сослан Нокарайæн æ бийнонтæ æ ес-беси хæтдзæ ракодта. Исцудæй æ фонси цормæ. Нæуæг сугъди кæрдæгбæл фонс ракæдзосæнцæ. Нокарай бæхгæсти хæтдзæ æ фонсбæл рагъæр кодта. Нарти синхбæл баскъардта æ фонс отæ дзоргæй: «Нарт, уæ фонсæй æнирай фæууотæ. Уæ фонс дæр фæййервазтæнцæ, анзи фудтæ дæр райевгъудæнцæ». Алке æ фонс æртасуй æ хæдзарæмæ. Нокарай бинонти æма ес-беси хæццæ хæдзарæмæ бацудæй.
     Æхсинæ Сосланмæ дзоруй:
     – Гъæйтт, битдзеу, æз дин, фиццаг, мæтъæлæй ку цудтæ, уæд загътон: лæг топпи гъæрæй нæ мæлуй. Гъенур уæддæр кадæ 'ма намиси хæтдзæ не'рцудтæ Нарти бæстæмæ!
     Нокарай бæсти цæрæн адтæй Циуалтаси. Æ тухæмæ гæсгæ изол бæстæтæ дæр гъæуай кодта. Æхебæл ке æрæмбурд кодта, йеци цæргутæй алке æхе цæрæнбæстæ байагурдта, æхе бæстæмæ рандæ 'й. Йетæ дин Тухи фурти Нокарай æгъдæуттæ. Сослан Нокарай ес-беси хæтдзæ æхе цæрæн хæдзари æрсабур æй. Нарт дæр сæ зинтæй райервазтæнцæ! Ма сæхецæн цæрун-хуæрун байдæдтонцæ. Нур дæр ма цæрунцæ 'ма хуæрунцæ сæхецæн.

Радзырдта йæ Бетрозты Емæза. Лезгор. Фыст æрцыди 1 январы, 1941 азы.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 46–6, папкæ 3, ф. 38–44.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru