поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нартыл фыддуг куыд скодта (вариант)
Автор: 00mN1ck / 4 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

     Нартыл фыддуг æмæ фыдрæстæг скодта. Уырызмæг ныхасмæ рацыд æмæ уым бадти. Ныхасы хорз кард æмæ фаты кой ничиуал кодта Нартæй, фæлæ иууылдæр кодтой гуыбыны кой. Уырызмæг куы бацыди йæ хæдзармæ, уæд къæлæтджыныл йæхи мæсты уагъд æркодта.
     – Цы кодтай, Уырызмæг? – фæрсы йæ Сатана.
     – Цы ма кæнон? Нарт сæфынц, гуыбыны кой йеддæмæ сæм ницыуал кой ис!
     Уæд Сатана Уырызмæгæн афтæ зæгъы:
     – Уæд та ма сæ иу æфсæст бакæнæм, мæнмæ æвддаджы сæр разындзæн, авд иннæ абоны цы бахæрой, уый. Ис мæм сгуыйы сæрæй аходæггæгтæ æмæ ронг.
     Уырызмæг та афтæ зæгъы:
     – Æз та Борæты цæджджинаг бахсиддзынæн æмæ сæ авд иннæ абоны хæринаг æмæ нозтæй схæсдзынæн.
     Цæттæ кæнынц, фæлæ фидиуæгæн кæй арвитой, ахæм Нартæй змæлæг ничиуал уыди.
     Авд боны фæстæ ссардтой фидиуæг. Фидиуæджы арвыстой хъæр кæнынмæ Нартмæ:
     – Рацæут Нарт, мæнæ уæ Уырызмæг æмæ Сатана хонынц! Къахыл цæуынхъом чи у, уый къахæй рацæуæд, авдæны чи и, уый æд авдæн рахæссут, хуыссæны чи ис, уый – æд хуыссæн.
     Нарт æмбырд кæнын райдыдтой. Созырыхъо та хæтæны ацыдис фос кæнынмæ.
     Сатана Нартæн райдыдта хæссынтæ æвддаджы сæрæй сыгъдæг аходæггаг сгуыйы сæр, чъири æмæ ронг. Нарты сбадын кодта æмæ сыл рæгътæ кæнын райдыдта. Нуазынц æмæ зарынц. Æртæ иннæ абоны куы фæнуæзтой æмæ куы фæхордтой, уæд Уырызмæг афтæ зæгъы:
     – Æддæмæ уал ацæут æмæ фенут, кæддæра уæ хабар куыд у.
     Сыстадысты æмæ æддæмæ ацыдысты. Уырызмæг сæм кæсы, æмæ та хорз кард æмæ хорз фаты кой кæнын райдыдтой. Уырызмæг загъта:
     – Æрбацæут ныр мидæмæ.
     Уырызмæг йæхæдæг дæр ныр хъæлдзæгæй бацыд мидæмæ. Адæм дæр æрбацыдысты æмæ æрбадтысты.
     – Чысылгай та райдыдтой хорз кард æмæ хорз фаты кой? – афарста Сатана Уырызмæджы.
     Сæ рæнхъытæ кæнынц Нарт. Авд рæнхъы кæдæм цыдысты, уым та бадæн уыдис Созырыхъойæн æмæ йын йæ рæнхъы нуазæнтæ иу къуыстилы кодтой.
     Созырыхъо-иу хæтæны куы уыд, уæд-иу æй Сатана йæ кæсæнæй уыдта, фæлæ йæ ныр нæ уыдта. Уæд та Сатана йæ кæсæны кæсгæйæ дзуры:
     – Уæдæ, Хуыцау, Нæртон лæджы ма фесаф!
     Уалынмæ Созырыхъо дæр æрхæццæ ис. Æрбадын æй кодтой йæ бынаты, авд рæнхъы кæдæм цыдысты, уым.
     Йæ авд рæнхъы, стæй йæм авд та амонгæтæ æрцыди, уыцы иу нуæзт ын сæ бакæнын кодтой. Стæй та уæддæр йæ дарддæры рæнхъытæ се 'мнуæзт кодта. Авд иннæ абоны Сатана ахицæн кодта. Уырызмæгмæ уыди Борæты цæджджинаг æхсыст.
     Уырызмæг та Нарты æрбадын кодта. Тынг хъæлдзæг сысты Нарт.
     Æртæ иннæ абоны та куы фæбадтысты, уæд та сæ дуармæ рарвыста Уырызмæг, кæддæра куыд кæнынц, зæгъгæ. Уæд Нарт райдыдтой агурын хорз кард, хорз фат æмæ æрдын. Бацыдысты та фæстæмæ, алчи йæ бынаты æрбадт. Авд иннæ абоны куы фæбадтысты, уæд сыстадысты, æмæ алчи йæ хæдзармæ æфсæстæй ацыдис. Райсомы сæ Созырыхъо æрæмбырд кодта æмæ загъта Нартæн:
     – Нарт, рæгъаугæс скæнæм, æмæ, нæ рæгъау куы ацæуа, уæд рæгъау дæр нард кæндзæн. Нарт дæр хъæздыг кæндзысты, алчидæр уæ кусдзæн, æмæ нæхи æххормаг мауал ныууадзæм.
     Уæд Нарт Созырыхъойы бафарстой:
     – Æмæ нын рæгъаугæс та чи уыдзæн?
     Сырдон сын загъта аивæй:
     – Æз уын Созырыхъойы рæгъаугæс фæкæндзынæн.
     Созырыхъо загъта Нартæн:
     – Хæлттæ скæндзыстæм, æмæ, кæй хал схауа, уый – рæгъаугæс.
     Аивæй та сын Сырдон загъта:
     – Аивæй-иу Созырыхъойы хал мæнмæ авæрут, мæн халисæг фæкæнут, афтæмæй.
     Хæлттæ сцæттæ кодтой æмæ дзы Нарт иу хал Сырдонмæ аивæй авæрдтой, Созырыхъойы хал.
     Хæлттæ чи сисдзæн, зæгъгæ, Нарт адзырдтой.
     Мæнæ Сырдон халисæг, зæгъгæ, схор-хор кодтой.
     Нарт хæлттæ æрæвæрдтой æмæ Сырдонмæ адзырдтой:
     – Мæнæ хæлттæ сис!
     Сырдон Созырыхъойы хал йæ дысы бамбæхста æмæ, хæлттæ куы æппæрстой, уæд æй дысæй йæ къухмæ фелвæста. Хæрдмæ йæ систа, мæнæ уый кæй хал у, зæгъгæ, æмæ, дам, Созырыхъойы хал.
     Уæд Созырыхъо кардæлвæстæй Сырдоны асырдта.
     Сырдон йæ разæй лидзы. Созырыхъо йæм дзуры:
     – Гъæ, гæды куыдз, ды та мæ халæн цыдæр хин скодтай!
     Цалынджы Сырдон йæ разæй лидзын фæрæзта, уæдмæ лыгъди, стæй мыстулæг фестади æмæ хуынчъы фæмидæг ис. Созырыхъо ма йæ кардæй æрриуыгъта, фæлæ афардæг.
     Сырдоны хæдзар кæм уыд, уый Нартæй ничи зыдта. Созырыхъо раздæхти. Нартæн сæ дзырд фæсайынæй се 'ндон сау æфсæйнаг кодта, æмæ Созырыхъо Нарты ныхасмæ æрбацыди æмæ сæм уырдыгæй ныхъхъæр кодта:
     – Нарт, уæ рæгъау ратæрут Хъазæн фæзмæ!
     Нарт ныххæррæтт кодтой æмæ сæ рæгъау тæрынц Хъазæн фæзмæ. Созырыхъо та сæм ныхъхъæр кодта фæстæмæ:
     – Кæй стур ма баззайа фæсте, уымæн æй хæлвианæн аргæвддзыстæм.
     Хъазæн фæзмæ æрæмбырд сты Нарты рæгъау. Созырыхъо сау саулохагыл сбадт æмæ сæ йæ разæй атымбыл кодта. Уарийы ахст æмæ сыл цæргæсы хъæр скодта æмæ сæ Талхъ-Тулхъы быдырмæ ныттардта. Уым сæ уæгъдибар ауагъта. Созырыхъо цуан акодта, сагдзуан, æмæ æд къала бæлæстæ саджы мæрдтимæ æрцыд йæ мусонгмæ.
     Хизынц рæгъау. Созырыхъо сагдзæрмттæй хорз мусонг сарæзта. Рæгъаумæ дæр ацæуы бæрæггæнæг, æмæ хорз сты рæгъау. Иу бон куы уыдис, уæд кæсы æмæ дард быдыры барæг æрбацæуы, саргъы гоппæй уæлæмæ нæ зыны. Созырыхъо йæхинымæр дзуры «Диссæгтæ федтон, фæлæ ацы боны хуызæн диссаг никуыма федтон. Бæх Нартмæ тыхгæнæджы цыд кæны, уый зонын, фæлæ барæг саргъы гоппæй уæлæмæ куы нæ зыны». Куы 'рбахæстæг, уæд æй равзæрста, барæг Быцены фырт Гуыбатæ кæй у, уый. Йæ размæ рацыд йæ мусонгæй æмæ йын «æгасцуай» загъта. Æрхиз нæм, зæгъгæ, йын бакодта. Æрхизын æй кодта. Бæх бæхбæттæныл бабаста, мидæмæ, уазæг, зæгъгæ, йæ бакодта йæ мусонгмæ. Стæй йын рахаста нæртон ронг.
     Ронг банызтой æмæ барасыг сты. Созырыхъо зыдта авд æвзаджы æмæ йæ æндæр æвзагæй бафарста, цы агурæг дæ Нартæй, зæгъгæ.
     Уæд ын Быцены фырт Гуыбатæ загъта:
     – Æз цæуын Нартмæ тыхгæнæг. Чызг-хъалон æмæ сæ лæппу-хъалон райсон.
     – Æмæ дæ бон бауыдзæнис? – загъта йын Созырыхъо.
     Быцены фырт бафарста Созырыхъойы:
     – Æмæ сæм уæддæр цы ис тыхджындæр хъуыддаг?
     – Нарт кæрдыссæн куы скæнынц æмæ дзы ныхы фæйнæг куы ныццæвынц æмæ дзы таг æмæ æрду куы нæ алыг кæны, уæд уый у сæ хуыздæрдзинæдтæй иу, сæ фидардзинад.
     Быцены фырт Созырыхъойæн йæ кард сцыргъ кæнын кодта, уæдæма мын дзы мæ ных цæв, зæгъгæ. Созырыхъо йын йæ ных кардæй ныццавта, таг æмæ дзы æрду нæ алыг кодта. Кард ныззыланг кодта æмæ фæстæмæ йæхиуыл сæмбæлд.
     – Уæдæ-ма ныр дæ ерæдзыпп дæр сифтындз, – загъта Быцены фырт Созырыхъойæн.
     Созырыхъо ерæдзыпп сифтыгъта, йæ ныхыл ын æй ныццавта, таг æмæ дзы æрду нæ бахызт, афтæмæй нæмыг ныцъцъыгъгъуытт ласта.
     – Уæдæ-ма ныр де'рдын хъæстæлвæст скæн æмæ мын æй мæ къæбутыл цæв, – загъта та Быцены фырт.
     Созырыхъо дæр æрдын хъæстæлвæст скодта, йæ къæбутыл ын æй ныццавта æмæ фат фæстæмæ рахаудта.
     Бакодта йæ фæстæмæ Созырыхъо йæ мусонгмæ. Æмæ йæ æрфарста, ацы тых дæм кæцæй ис, зæгъгæ. Быцены фырт Гуыбатæ йын загъта:
     – Мæнмæ ис мемæ райгуыргæ кард, цалынджы уымæй мæ буар фæхъæн уа, уæдмæ мын мæлæн нæй.
     – Ау, æмæ уыцы кард куыд баууæндыдтæ, кæм æй цæвæрдтай? – бафарста Созырыхъо.
     – Уымæн райсæн нæй, æвддаджы сæр ис, – загъта Гуыбатæ.
     – Æмæ дын йæ дæгъæл уæд кæм ис?
     – Йæ дæгъæл мæ усæн йæ астæуыл баст у.
     Созырыхъойæн уыдæттæ куы радзырдта, уæд ын йæ бæх æрбаласта бæхбæттæнæй æмæ йæ арвыста.
     Созырыхъо сау саулох рацахста. Быцены фырт Нартмæ фæцыд, Созырыхъо та Быцены фырты хæдзармæ. Бахæццæ ис Быцены фырты хæдзармæ.
     Бæхбæттæны раз йæ бæх баурæдта. Хæдзарæй йæм рауадысты, бæхæй йæ æрхизын кæнæм, зæгъгæ. Фæлæ сын загъта уый:
     – Æз нæртон лæг дæн, æмæ мæм хæдзары хицау куы нæ рацæуа, уæд ме'ндон сау æфсæйнаг кæны.
     Гуыбатæйы ус æм рауад, йæ бæхы рохыл ын ныххæцыд, æрхизын æй кодта æмæ йæ уазæгдонмæ бакодта. Ацыди йын хæринаг кæнынмæ æмæ йын хæринаг акодта. Хæринаг ын куы 'рæвæрдтой, уæд загъта:
     – Мæнæн хæдзары хицау мемæ куы нæ бада, уæд ме'ндон сау æфсæйнаг кæны, нæртон лæг дæн.
     Гуыбатæйы ус та йемæ фынгыл сбадт.
     Иумæ нуæзтой алы нозт. Созырыхъо усæн авд æвзагæй дзырдта.
     Ус фæрасыг æмæ йæхи æруагъта.
     Созырыхъо бавнæлдта дæгъæлмæ усы астæумæ æмæ йæ сыхæлдта.
     Ацыди æмæ æвддаджы дуæрттæ кæнын райдыдта. Æхсæз дуары дзы бакодта, æвдæм ын нал куымдта, æмæ скуывта: «Хуыцæутты Хуыцау, Нарты ма фесаф, Нарты тыхгæнæджы бакъуылымпы кæн». Дуар байгом и. Гуыбатæйы кард къулыл ауыгъд. Бавнæлдта йæм æмæ йæ райста. Созырыхъо ныццудтытæ кодта æмæ загъта:
     – Хуыцæутты Хуыцау, Нарты сæфт ма 'рцæуæд, – æмæ кард йе уæхскыл æрбакодта æмæ бæхы размæ цудтытæгæнгæ ныццыд. Бæхыл бады æмæ дзуры:
     – Бæхты гæбæрæй амæл, бынатмæ мæ куы нæ фæхæццæ кæнай.
     Бæх дæр ныццудтытæ кодта карды уæзæй. Нартмæ рацæйцыд. Йе 'рцыдмæ Быцены фырт Гуыбатæ чызг-хъалон æмæ лæппу хъалон-айста. Нарты фæсивæд Гуыбатæйы фæдыл цыдысты, афтæ Созырыхъо дæр ныххæццæ и æмæ Нартыл фæхъæр кодта:
     – Уæ, къуыстилгуыбынтæ æмæ фаджысы рагъыл лæугæ лæгтæ! Кæм стут, мæнæ уын уæ хоты куы хæссы?
     Æмæ Созырыхъо агуырдта Гуыбатæйы. Хъæбысæй-хъæбысмæ фесты, æмæ йæ Гуыбатæ æрриуыгъта. Созырыхъо зæххы йæ зонгуытæм афсæрста, Гуыбатæмæ йæхи кард сласта æмæ йæм æй ферттивын кодта: Гуыбатæйы уæнгтæ сау æфсæйнаг фестадысты. Фæстæмæ йæ Созырыхъо æрриуыгъта, æмæ Гуыбатæ йæ зæнгтæ зæххы афсæрста æмæ Созырыхъомæ дзуры:
     – Маргæ мæ ма акæн.
     Фæлæ Созырыхъо уæддæр Гуыбатæйы буар йемæ райгуыргæ кардæй фæхъæн кодта.
     Нартæй цы чызджытæ æмæ лæппутæ рацæйкодта Гуыбатæ, уыдон Созырыхъо фæстæмæ аздæхта. Созырыхъо аздæхти Нарты рæгъаумæ æмæ сæ стардта. Алкæмæн йæ фос байуæрста йæ хæдзармæ. Нартæн та сæ цард сног кодта Созырыхъо, æмæ Нарт сæ бынаты цæргæйæ баззадысты.

Радзырдта йæ Бигъаты Джиор, 11 февраль, 1941 аз, Бæтæхъойыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, эксп. бр. 1, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 304–316.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru