(вариант) Нарти Сослани зæрди æрифтудæй лæги закъитæй кæрцæ скæнун. Райдæдта уой туххæй Нарти адæми закъитæ тонун, æма ин кæрцфагæ ку иссæнцæ, уæд сæмæ Нарти кизгуттæ æма уостити æрæмбурд кодта æма сæ уонæмæ кæрцæ скæнунмæ равардта. Уоститæ æма и кизгуттæ кæрцæ кæнгæй нæ фæууидтонцæ, нæ, ка æ лæги закъæ, ка йе 'рвади, ка ба æ фиди закъæ, фал ци кодтайонцæ, – Сослан хъаурæгин адтæй. Уæд сæмæ фелвæстæй къæсибадæг уосæ æма син и кæрци æфцæкъуатæ гъæуаггин искæнун кодта æма син загъта: – Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæй ин æфцæкъуатæ гъæуй. Сосланæн загътонцæ: – Дæ кæрцæ æфцæкъуатæ гъæуаггин исцæй æма ин Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ исхæссæ æфцæкъуатæн. Сослан рандæ 'й Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи агорунмæ. Тухгин адтæй йе. Сослан æй ниууидта тугулдортæй кинау гъазгæй. Уæд имæ Сослан нихъхъæртуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй. Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ дзоруй Сосланмæ: – Ду зондзæнæ Нарти Сослани гъæзтитæй йеститæ, баминсæамонæ. Уæд ин Сослан зæгъуй: – Мæнæ хæрди буни зонгутонтæ ниббадæ, æз ба дæбæл хонхæй тугулдортæ уадздзæнæн. Ниббадтæй. Сослан ибæл тугулдортæ уæллæй уадзун байдæдта. Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ сæ райахæссидæ æма сæ фехсидæ. – А нецæй гъазт æй, – зæгъгæ имæ уæлæмæ дзоруй. – Мадта мæнæ къæдзæхи буни 'сбадæ, æз ма дæбæл къæдзæх ракалдзæнæн. Исбадтæй. Сослан ибæл æгас хонх ракалдта, фал æй Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ æ къохæй бауорæдта. – А дæр нецæй гъазт æй, – зæгъгæ, бабæй дзоруй Сосланмæ, – Мадта ма Сослан йеу гъазт фæккæнуй: æртæ бони, уазал зумæгон бæнттæй, дони буни фæббадуй, дон хъæбæр арф ниййех уй, æма, гъе, уой æ сæрæй æстонуй. – Уой дæр бавзардзæнæн, – зæгъгæ, загъта Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ, æма рандæ 'нцæ денгизмæ. Ниххизтæй. Нарти адæмæн искурдиадæ адтæй, æма Сослан искувта: «Уо, Хуцаути мæ Хуцау, а дон хъæбæр ниййех кæнæ!» Æрбадумгитæ кодта, æрбауазалтæ кодта, дон ниййех æй. Æртæ бони ку рацудæй, уæд Сослан дзоруй Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæмæ: – Исхуæцай нур! Исхуæстæй. Йех æстудта къæр-къæргæнгæ. – Нигкидæр ма дæ сæр ниццæвæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сослан. Ниццавта æ сæр фæстæмæ денгизи. Сослан бабæй искувта: – Уо Хуцаути мæ Хуцау, уæхæн бурдæн æрбахæссæ, æма денгиз бæласæ æма къалеуæй куд байдзаг уа. Æрбабурдæн кодта, æма денгиз бæласæ æма къалеуæй байдзаг æй. Дон ниййех æй, бæлæстæй æма къалеутæй рæхсæнæт бæсти хузон исцæй. Уæд Сослан дзоруй Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæмæ: – Исхуæцай нур! Исхуæстæй, йех никъкъæр-къæр кодта, фал æй не студта. Нигкидæр бабæй, ци федар ниццæй, зæгъгæ, исхуæстæй, æма йех æ сæри æмбæрцæ студта, рауидта Сослани къæдзæ уæргутæ, æма 'й рафæсмардта. Сослан имæ бауадæй, æма ин æ сæр ракъуæрунмæ куд гъавта, уотемæй сдзурдта: – Мæ астæуистаги хъанз мин исласæ æма 'й дæ астæубæл æрбабæттæ, йе ба мæ тухæ дæумæ бацæуа. Сослан ин æ сæр ракъуæрдта, æ астæуистæги хъанз ин бæласæбæл æрбабаста, æма бæласæ зæлланггæнгæ фæххаудтæй. Сослан исхаста Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ æма æ кæрцæн æфцæкъуатæ 'скæнун кодта. Гъе, уотемæй Нарти Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ 'скодта.
Ныффыста йæ Собиты Инал. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 11, папкæ 67, ф. 176–178.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |