поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Бедзенæджы фырт Арæхъцау (вариант)
Автор: 00mN1ck / 8 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

     Уæй, Алæгатæ, дам,
     Цæрæг адæм,
     Хъæздыг адæм, –
     Нарты хынцынвæнд
     Ыскодтой.
     
     Гъемæ, гъемæ, зæгъы,
     Æцæг æмæ иннабонæй
     Иннабонмæ
     Нарты хынцгæ кодтой.
     
     Гъей, гъемæ, загъта,
     Æцæг ма дын-иу, зæгъы,
     Иу аходæныл, дам,
     Иу аходæныл.
     
     Гъæй, æмæ, гъемæ, зæгъы,
     Уырызмæг, зæгъы,
     Уæнмæ куы бавналы
     Æмæ уæн куы растигъы,
     Уæн куы растигъы.
     
     Гъæй, асыгъдæг æй кæны,
     Асыгъдæг кæны,
     Æцæг дзы, зæгъы,
     Уæд куы акæсы,
     Уæд куы акæсы, зæгъы.
     
     Гъей, æмæ йæ, гъæй-уæдæ,
     Æцæгдзинад афтæ куы зæгъы,
     Афтæ куы зæгъы:
     – Ацы бон ныл кæнæ 'фсад
                    цæудзæн,
     Кæнæ 'фсады аргъ иу лæг уыдзæн.
     Уый Сатанамæ мидбынатмæ
     Куы байхъуысти,
     Куы байхъуысти,
     Сатанамæ уæд
     Мидбынатмæ.
     
     Гъе, æмæ, гъемæ, зæгъы,
     Æвдтаджы сæрмæ фæгæпп ласы,
     Фæгæпп ласы
     Æмæ арвайдæнæй
     Кæсын куы райдайы.
     
     Гъæ, гъай, уæдæ кæсынтæ сисы,
     Гъемæ, гъемæ, гъе, загъта,
     Дæлæ Гуымы быдырты
     Бæрæг куы байдыдта
     Иу чысыл сау цыдæр.
     
     Гъемæ, гъемæ, зæгъы,
     Уалынмæ
     Куыд мидæмæ цæуы,
     Куыд мидæмæ
     Цæуы, гъе.
     
     Йæхи амонын куы байдыдта,
     Афтæ зынди,
     Йæ бæх, дам, куы уыди
     Уырыссаг рагъыйас,
     Уырыссаг рагъыйас.
     
     Гъестæй та
     Ноджыдæр та кæсын райдайы.
     Куыд цыди, афтæ,
     Йæхæдæг та куы уыди
     Хæххон мæсыджыйас.
     Гъеуæд, гъеуæд, зæгъы,
     Куыд мидæмæ цыди –
     Йæ сæрты сау халæттæ
     Дыууæрдæм тахтысты,
     – Адон та цы уыдзысты? –
     
     Уый гъеуыдоныл та
     Дис кæнынтæ
     Куы байдыдта,
     Сау халæттæ нæ уыдысты –
     Фæлæ уыдысты
     
     Йæ бæхы цæфхæдтæ,
     Нæууæй
     Цы æппæрстой,
     Уыдон куы уыдысты,
     Йæ сæрты тахтысты дыууæрдæм.
     
     Уалынджы, зæгъы,
     Куы 'рбаввахс вæййы
     Доны былмæ,
     Сатана йæ кастæй
     Куы кæсы.
     
     Уæд Сатана афтæ дзуры:
     – Хуыцæутты Хуыцау,
     Кæд дæлæ уыцы
     Барæг донæн йæ ивæн
     Куы агура – донласт æй фæкæн.
     
     Донæн йæ ивылд
     Куы агура.
     Уæд æй, Хуыцау,
     Мæ уазæг фæкæн,
     Мæ уазæг фæкæн.
     
     Уалынджы донмæ
     Куы 'рбахæццæ ис,
     Кæдæм æрбахæццæ,
     Уым донæн иннæрдæм
     Куы æрбараст и, гъе.
     
     Уæд та дын, уæд,
     Мæ хæдзар,
     Борæты уынджы
     Сатанамæ, зæгъы,
     Куы ссыди, уæдæ.
     
     Уæд Сатана йæм
     Рагæпп ласы,
     Рагæпп ласы:
     – Уæй, æгас æрцæуай, уазæг,
     Æгас цæуай, уазæг.
     
     – Уæй, дæ бон хорз уа,
     Дæ бон хорз уа.
     Дзæбæх фæцæрай,
     Нарт кæм сты?
     Нарты куы агурын.
     
     – Гъе, гъæй и, гъæй,
     Фысым дын стæм,
     Фысым дын стæм:
     Кæд дæ фæнды –
     Фæздæгджын сихор.
     
     Кæд дæ фæнды –
     Æвæздæг сихор,
     Æвæздæг сихор, –
     Тагъд дæ уæд
     Фæраст кæндзынæн.
     
     – Гъе, уæ, – афтæ дзуры,
     Афтæ йын дзуры, –
     Нарты къуыбырдзидзи
     Чызджытимæ æз хъазынмæ
     Куы нæ ссыдтæн,
     
     Хъазынмæ куы нæ ссыдтæн,
     Зæгъы, куы нæ ссыдтæн.
     Æз Нартмæ
     Куы ссыдтæн
     Уазæгуаты.
     
     Нарт мын кæм сты, –
     Бацамон мын сæ.
     – Нартæй æддийæ
     Куы ничи зыны,
     Куы ничи зыны.
     Нарт хуынд сты.
     
     Уæй, уый дæр ма дын
     Æцæгдзинадæй,
     Сты уыдон ронг –
     Нозтмæ
     Æцæгдзинадæй.
     
     – Уæй, ахæм нæй,
     Æмæ сæм, зæгъы,
     Уæд чи суайа?
     – Нæй зæгъы, – уартæ
     Мæм æрмæст иу ницæййаг лæппу ис.
     – Уæй, цу-ма, дам,
     Бадзур æм,
     Бадзур æм.
     Бадзырдта йæм æмæ
     Куы фæгæпп ласта
     Фæныкгуыз лæппу.
     
     Уæд æй уазæг куы фæрсы:
     – Нарт кæм сты,
     Уый кæд зоныс,
     Уæд мемæ рацу,
     Мемæ рацу.
     
     Гъе уый та йæм, зæгъы,
     Афтæ дзуры:
     – Æз сæ зонын.
     – Мæ фæсарц æрбабад,
     Чысыл лæппу.
     
     – Уый, мæн чи афæраза,
     Дæ бæх, мæн чи афæраза,
     Ахæмы каст
     Куы нæ кæны,
     Куы нæ кæны.
     
     – Уæй, куыдзы хъыбыл,
     Мæ бæх дæ хуызæтты
     Уæймæ бирæ фæхаста,
     Дæ хуызæтты
     Уæймæ бирæ фæхаста!
     
     Гъе, уæдмæ лæппу дæр
     Йæ фæсарцмæ
     Куы багæпп ласы.
     Ацыд бæх дыууæ къахдзæфы
     Æмæ йæ игæрты фæрчытæ
     Йæ хъæлæсæй скалдта.
     
     Уæд куы сфардæг вæййынц
                    Алæгатæм,
     Куы сфардæг вæййынц
                    Алæгатæм.
     Уым дуарæхгæдæй
     Гуыпп кодтой,
     Гуыпп кодтой мидæгæй.
     
     Гъей, гъемæ, зæгъгæ,
     Хъæр сæм куы кодтой.
     Æмæ хъæр
     Куы нæ хъуыстой,
     Куы нæ хъуыстой.
     Хъæр кодтой æмæ
     Хъæр куы нæ хъуыстой.
     Лæппу куы бафæрсы:
     – Зæгъ, уæдæ, кæмæ дын
     Бадзурон, зæгъы.
     
     – Уæй, Созырыхъомæ
     Бадзур, зæгъгæ,
     Созырыхъомæ бадзур.
     Лæппу зæримæлдзыг
     Куы фестади.
     
     Кæуылдæрты дын
     Авд дуарыл куы
     Бахылди æмæ
     Созырыхъойы хъусмæ
     Куы сбырыди.
     
     Уæй, Созырыхъо
     Рагæпп ласы,
     Рагæпп ласы:
     – Æгас цæуай, Арæхъцау,
     Бедзенæджы фырт Арæхъцау.
     
     Уæй, æгас цæуай,
     Æгас цæуай,
     Бедзенæджы фырт
     Арæхъцау, сусдурæй райгуырд
     Арæхъцау.
     
     Уæй, мидæмæ, зæгъгæ,
     Йæ суазæг кæнынц,
     Суазæг кæнынц,
     Йæ гæрзтæ йын куы сисынц,
     Рагъæныл сæ куы ацауындзынц.
     
     Уæй, рагъæн дæр сæ
     Куы нæ урæдта,
     Куы нæ урæдта,
     Уæд сæ æфсæн чырыны
     Сæрыл куы авæрдтой.
     
     Æфсæн чырын дæр та
     Куы ныттыдта,
     Куы нæ сæ баурæдта.
     Бахъаугъа вæййынц,
     Бахъаугъа вæййынц.
     
     – Уыдонæн сæ рагъæн
     Мæхимæ куы ис,
     Мæхимæ куы ис.
     Æрбахæссынц сæ,
     Æрцауындзы сæ йæхиуыл.
     
     Уæд та ма дын,
     Гъеуæд, мæ хур,
     Йæхиуыл сæ æрцауындзы,
     Йæ гæрзты
     Йæхиуыл æрцауындзы.
     
     Уæд та дын йæ бæхы
     Æфсæн бæттæныл
     Афидар кæнынц.
     Сæ бæхты сын
     Æфсæн быруйы сæрты акалдта.
     
     Æмæ куы бахъаугъа
     Вæййынц,
     Уæд куы бахъаугъа
     Вæййынц,
     Куы бахъаугъа вæййынц.
     
     Уæй, гъеуæд та
     Дын фынгтыл
     Куы рабадынц.
     Минасы фæстæ
     Радæй кафт куы райдайынц.
     
     Уæд дын радгай
     Кафт куы райдайынц.
     Куы райдайынц
     Хистæрæй кафт,
     Хистæрæй кафт.
     
     Уæй, радæй кафт,
     Хистæрæй кафт.
     Зæххыл кафт,
     Фынгтыл дæр кафт
     Куы райдыдтой.
     
     Уалынджы дын
     Уазæджы рад –
     Арæхъцауы рад дæр
     Куы æрзылди, уæдæ,
     Куы æрзылди, уæдæ.
     
     Зæххыл тынг хорз
     Скафыди, фынгтæм
     Куы бахызти,
     Авджын тæбæгъты
     Кæрæттыл дæр куы 'ркафыд.
     
     Цæхдонхæрæн къоппатæм
     Дæр куы бахызт
     Сæ кæрæттыл кафынмæ,
     Уым дæр та дын
     Тынг хорз куы 'ркафыди.
     
     Нартмæ хъыггомау
     Куы æркасти,
     Уæлейæ Хызы фырт Челæхсæртæг
     Куы загъта,
     Уæд куы загъта.
     
     – Уый нæм цы сбырыд
     Денджызæй
     Кæфы смаг калгæ,
     Гъе, акуыйты йæ кæнут!
     
     Уæ, Бедзенæджы фырт Арæхъцау
     Та дын тæргай,
     Тæргай куы ралыгъди.
     Уæд дын Хызы фырт
     Челæхсæртæг афтæ куы радзуры:
     
     – Уæй, чи, дам, æй
     Раздаха, уæдæ,
     Уымæн мæ рæсугъд,
     Мæ рæсугъд
     Агуындæйы.
     
     Уæд Созырыхъо, зæгъы,
     Катай куы байдыдта,
     Фæсте йæ сурон –
     Фæдисон мæ хондзæн,
     Йæ разæй фæуон – разыбадæг.
     
     Гъеуæд, гъеуæд, уæдæ,
     Афтæ куы дзуры:
     – Йæ разæй цæуон æмæ
     Ме 'хтæнгтæ хуыйæг,
     Ме 'хтæнгтæ хуыйæг мæхи
      ыскæнон.
     
     Афтæмæй мæ уæд
     Уый куы раййафдзæн,
     Ме 'хтæнгтæ хуыйгæ мæ
     Уæд куы раййафдзæн,
     Куы раййафдзæн.
     
     Уæй, йæ разæй
     Куы фæци, уæдæ,
     Йе 'хтæнгтæ хуыйæг
     Йæхи куы скæны
     Æмæ йæ афтæмæй куы 'рбаййафы.
     
     – Гъе, кæдæм лидзыс? –
     Зæгъгæ, йæ куы фæрсы, –
     Раздæх фæстæмæ.
     – Мауал мæ здах.
     Мауал мæ здах,
     
     Зонын æй æз:
     Нæ хъуыддаджы
     Фидыд нæ рацæудзæн,
     Мауал мæ здах.
     
     – Уæй, раздæх, –
     Зæгъгæ, йын
     Созырыхъо афтæ дзуры, –
     Челæхсæртæг мын
     Йæ чызджы, Агуындæйы дæтты.
     
     – Уæй, ма йыл æууæнд,
     Уе 'хсæн фыдбылыз
     Куы рацæудзæн,
     Уæ, ма кæн, Созырыхъо,
     Гæды лæг у, йæ дзырд
                    фæсайдзæни.
     
     Уæ, уырдыгæй та
     Куы раздæхы фæстæмæ
     Созырыхъойы тыххæй,
     Куы раздæхти æмæ
     Фæстæмæ куы сфардæг и.
     
     Уæй, Хызы фырт дын
     Йæ базыртæ йæ дæлæртты
     Куы басадзы
     Æмæ дын йæ фидармæ
     Куы ныппæррæст ласта.*
     
     Уæд Арæхъцау афтæ дзуры:
     – Бæргæ дын загътон, –
     Уый мæнгард лæг у, –
     Йæ дзырд фæсайдзæн,
     Йæ дзырд фæсайдзæн.
     
     Уæд æртæ 'рдæм –
     Æртæ кæнгæ æфсымæры
     Куы уыдысты, –
     Æмæ уырдæм
     Хæцынмæ куы арвыстой.
     Уæй, Созырыхъо
     Дзыхдоны бабадти,
     Уазыры фырт
     Чысыл Чехы
     Хохмæ куы барвыстой,
     Хохы сæрæй куы хæцыди.
     
     Бедзенæджы фырт
     Арæхъцау та
     Мигъæй æврагъы 'хсæн,
     Мигъæй æврагъы 'хсæн
     Куы хæцыди.
     
     Уæй, хæцын самадтой,
     Хæцынтæ самадтой.
     Иу хатт куы уыди,
     Уæд та дын Созырыхъо
     Куы æрхъуыды кодта.
     
     Сæ дзыхдоны дын
     Къуыдыр калм
     Куы сси, æмæ
     Дон сын нуазынæн
     Куы нæуал уыди.
     
     Гъемæ, гъиафтæмæй та,
     Æцæгдзинадæй
     Та Хызы фырт
     Уæларвы скæнын
     Кодта Куырдалæгонæн
     Ахæм фат,
     
     Гъеуæд æмæ ахæм фат,
     Æмæ æмгъуыдмæ
     Цæуæг, æнæ ивгъуийгæ,
     Æмгъуыдмæ цæуæг
     Фат куы скæнын кодта.
     
     Гъе, æмæ Уазыры фырт
     Чысыл Чех хохыл
     Куы бадти, æмæ йæ
     Уымæ куы ауагъта,
     Уымæ куы сарæзта.
     
     Уæд æм йе 'мбæлттæ
     Куы ныхъхъæр кæнынц:
     – Фат дæм фæцæуы,
     Фæлæ, зæгъы,
     Æддæмæ ма ракæс!
     Гъе, гъемæ, æмæ
     Фат дæр, зæгъ,
     Йæ сæрмæ слæууыд
     Æмæ иннæрдæм
     Куы нæуал цыди,
     
     Фат куы нæуал цыд.
     Æмæ гыццыл Чех
     Æддæмæ куы ракасти,
     Æмæ йын фат
     Йæ сæр куы æрдавта.
     
     Уæд æм дæлейы ныхъхъæр кодтой:
     – Ма ратул, дæ мидбынаты лæуу,
     Уыцы куыдз дæ бахæрдзæн.
     Уæд сæр дæр йæ тулынæй
     Куы ныллæууыди.
     
     Уæд дын дæле та
     Созырыхъо доны
     Куы скæлм и,
     Дон турæйæ куы
     Цыди, турæйæ.
     
     Донæй, зæгъ, нуазæн
     Æппын куы нал уыди,
     Куы нал уыди.
     Уæд чызг* йæ фыдæн
     Афтæ куы зæгъы:
     
     – Йæ мардмæ кæмæн
     Нæ уæндыс,
     Уыимæ хæцын куыд
     Уæндыс дæ чызджы
     Тыххæй, гъе?
     
     – Уæдæмæ, зæгъы,
     Цæугæут
     Æмæ йын йæ зæнджы
     Магъзы брæу ныззилут, –
     Æз ын йæ магъз фенон.
     
     Уæд дзы брау
     Куы ныззылдтой
     Æмæ йæм магъз
     Куы схастой,
     Магъз куы схастой.
     
     Сысмыста йæм Хызы фырт
     Æмæ куы бадзуры:
     – Гъей, ай мард
     Куы нæма у,
     Мард куы нæма у,
     
     Йæ чызг Агуындæ-рæсугъд
     Йæ фыдæн куы зæгъы:
     – Уый æмбийгæ кæны,
     Ды та дзы тæрсгæ,
     Тæрсгæ куы кæныс.
     
     Æгæр ыл куы худтысты,
     Уæд æм йæхæдæг
     Куы ныццыди
     Æмæ йæ куы федта,
     Æцæг амард – куы федта.
     
     – Уæ, дæлæмæ фæуайай,
     Уæ, куыдзы сæртæ фæхæрай,
     Æцæг куы ныммардтæ.
     Уæд æм Созырыхъо фæгæпп
                    ласта
     Æмæ йын йæ сæры фахс
     Æрцъыкк ласта.
     
     Уæд Хызы фыртæн
     Йæ сæры фахс
     Зæхмæ куы ахаудта,
     Йæ сæры фахс
     Зæхмæ куы ахаудта.
     
     Гъемæ, гъемæ, зæгъы,
     Йæ сæр куы фæцæф, –
     Йæ базыртæ йæ дæлæртты
     Куы ацавта æмæ
     Куы апæррæст кодта.
     
     Апæррæст кæнгæйæ,
     Йæхицæн æрхуыйæ
     Ног сæры фахс
     Куы акодта,
     Æмæ сæры фахс куы акодта.
     
     Созырыхъо дæр дын
     Уæд фырмæстæй
     Калмы йæ кардæй
     Куы æрсæрфта,
     Куы æрсæрфта,
     
     Калмæн дын уæд
     Йæ иу æрдæг уым баззади,
     Йе 'ннæ 'рдæг размæ
     Куы ахылди,
     Размæ куы ахылди.
     
     Уæй, æмæ, зæгъы,
     Куы ахилы калм,
     Æмæ хос йæ дзыхы
     Куы 'рхæссы,
     Куы 'рхæссы.
     
     Уæд йе 'рдæджы
     Фæстæмæ куы атæры,
     Иннæ æрдæгмæ
     Йæ куы батæры,
     Хосæй йæ куы айсæрды.
     
     Уæд калм, зæгъы.
     Фыццаг куыд уыди,
     Афтæ куы фестади,
     Куы адзæбæх и.
     Куы адзæбæх и.
     
     Созырыхъо дæр уæд
     Калмы куы федта
     Йæхи дзæбæхгæнгæ,
     Уæд æй бынтон
     Куы амардта.
     
     Йæ хос ын уæд
     Йæхицæн куы
     Райсы: ай мын
     Хос уыдзæн, –
     Куы зæгъы.
     
     Уæ, уырдыгæй, зæгъы,
     Куы ссыдысты,
     Хохы сæры сын чи уыди,
     Уазыры фырт чысыл
     Чехмæ дæр куы ссыдысты.
     
     Уым дæр чысыл Чехæн
     Йæ сæры фахс дæр
     Уыцы хосæй куы айсæрдынц,
     Æмæ уый дæр
     Ног куы фесты.
     
     Уæд Агуындæмæ
     Куы ссыдысты,
     Куы ссыдысты
     Æмæ фидыд
     Куы 'рцыдысты.
     
     Уæд Агуындæ дæр
     Созырыхъойæн
     Лæгъстæ куы байдыдта:
     – Мæ фыды сæр мын
     Сдзæбæх кæн.
     
     Созырыхъо дæр
     Агуындæ-рæсугъдæн
     Йæ фыды дæр
     Уыцы хосæй
     Куы сдзæбæх кодта.

Радзырдта йæ Гусаты Хатъо, 1 февраль, 1941 аз. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 75–84.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru